Кахи Кахишвили дæлбар уагдоны,юстицийы министрадимæ баиу кæнын ацы этапыл плангонд нæу
Гуырдзыстоны æфхæрдæххæсткæнынады æмæ пробацийы министрады юстицийы министрадимæ баиу кæнын ацы этапыл æнхъæлмæкæсинаг нæу.
Уый фæдыл Фыццаг Каналæн æссис бæрæг.
Ныры онг хæлиу кодта информаци, кæцымæ гæсгæ дæр Гуырдзыстоны хицауады структурон æмæ кадрон ивдтыты параллелонæй, сырæзтаит хæдбар фæдæвзарæг уагдон, кæцыйæн йæ сæргъ слæууыдаит æфхæрдæххæсткæнынады министр Кахи Кахишвили, æмæ æфхæрдæххæсткнынады уагдон та баиу уыдаит юстицийы министрадимæ.
Цъус рæстæджы размæ куыд фæбæрг афтæмæй, ног фæдæвзарæг уагдоны саразын æмæ пробацийы æмæ æфхæрдæххæсткæнынады министрады юстицийы агдоны ссиу кæнын плангонд нæу.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады масштабон структурон æмæ кадрон ивдтыты фæдыл фидиуæны сом сараздзæн.