Мæнæн куыд депутатæн, нæрайсгæ у, цæмæй Æхсæнадон Телеуынынадмæ уа 45 милуан ларийы бюджет æмæ 1% рейтинг. Истæмæн нæ хъæуынц ахæм хардзтæ æмæ ахæм ретйинг? Ахæм телеуынынад нæ ницæмæн хъæуы – уый фæдыл парламентон фылдæрты уæнг Каха Окриашвили парламенты фадыгон экономикæйы æмæ экономикон политикæйы комитеты рабадтыл, «Уацхæссынады фæдыл» закъонмæ бахæссинаг ивындзинæдты касты рæстæджы расидтис.
Каха Окриашвилийы фидиуæнæй, Телеуынынад 5 милуаны бафтауыны цауы дæр, не суыдзæн 10% рейтинг кæмæн ис ахæм телеуынынад.
«Куыд фæхуыздæр кæнæм телеуынынад, раттæм йын рекламæйы фадат æмæ йын ноджы 2 милуан бафтауæм? Раттæм сын 5 милуаны, æмæ рекламайы кой мауал кæнæм. Суыдзæн 10% рейтингон телеыынадæй. Не суыдзæн. Мæнмæ гæсгæ ам администрирдзинад дæр иттæг нысаниуæгджын ую Кæн зæгъæм раттам сын 50 милуан æмæ процентæмæ æрдæг сын куы уыдзæн сæ рейтинг, уæд сæ алкæй дæр æнæхъæнæй ауадзæм сæ бынæттæй. Хъуамæ ацæуой мæ сæ бынæттæм æрбацæуой нæуæг адæм» – расидтис Каха Окриашвили.
«Уацхæссæджы фæдыл» закъоны ивындзинадыл, парламенты фадыгон экономикæйы æмæ экономикон политикæйы комитеты рабадтыл, парламенты абон фæуынаффæ кодтой.