Каха Каладзе  девелопертæм æрсидтис – Тбилис  у сæрмагондæй аив  æмæ рæсугъд æмæ уый та  бахъаххъæнын  хъæуы
Каха Каладзе девелопертæм æрсидтис – Тбилис у сæрмагондæй аив æмæ рæсугъд æмæ уый та бахъаххъæнын хъæуы

Тбилисы  ногæвзæрст мер Къаха Каладзе, экономикæйы  æмæ  æнæцудгæ тынгады  министр, Гиорги Гахариаимæ иумæ,  девелоперон компаниты  минæвæрттимæ  фембæлд.

Каха Каладзе  девелопертæм,  сæйраг сахары райтынгы  хъуыддаджы бастдзинады  æмæ  Тбилисы   ног хицауадимæ активон æмгуыстадмæ æрсидтис.  «Махæн тынг нысаниуæгджын  у, сымахимæ  активон  æмгуыстад, уымæн æмæ  сымах стут уыцы адæймæгтæ,   кæцытæ  тынг бирæ  кусут  æмæ  аразут нæ сахары   райтынгы  тыххæй.  Райгонд дæн  арæзтадæй  æмæ  райтынгæй,  фæлæ алцыппæт уый  арæзт хъуамæ цæуа  растæй,  хæрзгъæдæй  æмæ фæд-фæдонæй» – басидтис  ногæвзæрст мер девелоперон   компнаиты минæвæрттæм.

Каха Каладзейы  фидиуæнæй,   архитектурæйы  куыстмæ гæсгæ,  план кæны  бæрæг  ивындзинæдты сæххæст кæнын,  кæцыйы тыххæй  фæстæдæр фæныхас кæндзæн  зæгъгæ.

Ногæвзæрст мер фембæлдыл куыд расидтис афтæмæй,   уый тыххæй цæмæй  сахар растæй  райтынг уа,  алцыппæт дæр иумæйаг тыхархайдæй хъуамæ  сыххæст уа – арæзтадтæ  хъуамæ  уой  бæрзондгъæдджын æмæ сæрмагонд хъусдард здæхт хъуамæ уа  визуалон  фарстыл.