Йенс Столтенберг – Гуырдзыстон НАТО-ы уæнгсуæвыны скуыддзаг хъуамæ райсой 29 паддзахады æмæ ацы процессмæ æртыккаг фарсæн бацæуæн нæй
Гуырдзыстон æмæ Украинæйы NATO-ы уæнгсуæвыны фæдыл скуыддзаг хъуамæ райсой 29 æмцæдисон æмæ ацы процессмæ æндæрæн бацæуæн нæй – уый фæдыл NATO-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Канадæйы сахар Галифаксы цæугæ æдасдзинады æхæнадæмон конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы расидтис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, NATO-ы дуар ног уæнгтæн кæддæридæр гом у. Столтенберг куыд дзуры афтæмæй, уый бæрæг у уырдгæй дæр, æмæ уазал хæсты фæуды фæстæ альянсы уæнгты нымæц фæдывæр ис æмæ ацы аз NATO—мæ ног уæнг, Монтенегройы баиу ис.
«NATO-ы æххæстаргъджын уæнг цæмæй суай, уый тыххæй хъуамæ æмбæлай стандарттæм. Гуырдызстон æмæ Украинæ фокусиргонд сты реформæтыл, кæцыты нысан у хъахъхъæнынады институтты фæфидардæр кæнын, коррупциимæ тох æмæ демократийы фæтыхджындæр. NATO Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн ацы реформæты фæфидары хъуыддаджы æххуыс кæны. Æппынфæстаг та, сæ альянсмæ фæхоныны скуыддзаг хъуамæ райсой 29 æмцæдисоны. Ацы скуыддзагы æмæ процессмæ ничи бацæудзæн. Бæстæйы фидæны къурс сывзарын йæхæдæг паддзахады суверенон бар у» – расидтис Столтенберг.
Галифаксы цæугæ æхсæнадæмон конференцийыл дунейы раз æдасдзинады æрдыгæй уæвæг сидтыты ныхас кæнынц. Форум 19 ноябры онг аххæссдзæн.