Еврокамисы хæццæг- Гуырдзыстон регионы сæйраг стратегион партнеры позици ахсы
Еврокамисы хæццæг- Гуырдзыстон регионы сæйраг стратегион партнеры позици ахсы .Гуырдзыстон реформæты реализацийы къуымæй æмæ евроцæдисимæ æмкуыстдзинады сферайы, регионы сæйраг позици бацахста. Уый фæдыл ныхас цæуы Еврокамисы хаццæгы кæцы мыхуыр кæны 2016-æм азы деабрæй 2017-æм азы кæронмæ период. Хаццæгы ис фыст, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн æммахастытæ 2017-æм азы ноджы интенсивон дæр систы. Ацы къумæй Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн æнæвизон режимы ист, кæцы гуырдзыстоны хицауады уæрæхмасштабон реформæты фæстиуæг сырæзт. Документмæ гæсгæ, гуырдзыстон реформæты реализацийы æрдыгæй регионы сæйраг позици ахсы. Хаццæгы афтæ дæр ис фыст, цæмæй 2016 азы Евроцæдис Гуырдзыстоны стыр базарадон партнер сиис (27% экспорт æмæ 31% импорт) æмæ ацы тенденци ныр дæр даргъ кæны. Конституцион реформæйы фæдыл хаццæгы фиксиргонду Венецийы камисы хæццæг, кæцы æнæхъæнæй позитивонæй аргъ дæтты реформæйæн æмæ нысанæй вæры конституцион уагæвæрды демократийы, законы уæллагдзинад æмæ адæймагы барты хъахъæд. Хаццæгы позитивонæй аргълæвæрд цæуы хицауады æрдыгæй этникон кадæрдæрты интеграцийы къуымæй вæрд къахдзæфтæ. Документы Гуырдзыстоны медия-тыгъдад аргълæвæрд у куыд динамикон. Корупциимæ тохы къуымæй та, гуырдзыстон стабилондзинад бынатыл ис æппæтдунеон рейтингты. Хаццæгы хъусдард сцырын Гуырдзыстоны хайадистыл æфсæдтон мисситы. Туризмы тагъд рæзт æмæ прогрессыл. Æнæниздзинады сферайы арæзт реформæтæ, С гепатитимæ тохы программа. Хаццæгы позитивонæй у аргълæвæрд Гуырдзыстоны хицауады асссоцирдзинады фæдыл бадзырды имплементацийы процессы реализгонд реформæтыл æмæ баххæстгонд прогрессыл.