АИШ-ы президент нæ цух кæны Цæгат Кореяйы лидер, Ким Чен Ынимæ гæнæн фембæлд.
«Цæттæ дæн, фембæлон алкæимæ, чифæндыдæр уæт. Мæнмæ гæсгæ уый нæу тыхы кæнæ æдыхдзинады равдыст» – загъта АИШ-ы президент. Трампы ныхæстæм гæсгæ, уый цæттæ у фембæлынмæ, фæлæ ууыл ныхас кæнын зæгъгæ, нырма раджы у.
Ааналогион фидиуæны АИШ-ы президент майы дæр сарызта, фæлæ майы фæстæ Америкæ æмæ Цæгат Кореяйы æхсæн ахастытæ, тынг карз фазæмæ ахызтысты. Дæнцæн 19 рухæны, ИНО-йы генералон ассамблейы трибунæйæ, Трамп дзырдлæвæрд ратта, цæмæй æнæхъæнæй скуынæг кæндзæн Цæгат Кореяйы, уыцы цауы кæд æмæ Пхеньян Америкæйæн тæссаг суыдзæн.
26 рухæны та Трамп райхъусын кодта, цмææй Вашингтон нæ цух кæны, Цæгат Кореяйы ныхмæ æфсæддон тыхæй спайда кæнын. Фидиуæнтæ сырæзт Цæгат Кореяйы дæр. Пхеньяны Трампы схуыдтой «Зæронд психопатæй».