Димитри Кумсишвили уыдзæн фыццаг вице-премьер æмæ экономикон блокы координацигæнæг
Финансты нырыккон министр Димитри Кумсишвили баззайдзæн фыццаг вице-премьерæй фæлæ ма йæ хæстæм æфтыд æрцæудзæн экономикон блокъы координаци кæнын.
Фыццаг Каналы информацийæ, хицауады плангонд кадрон æмæ струткурон ивдтыты фæлгæтты, энергетикæйы министрад баиу уыдзæн экономикæйы министрадимæ.
Фыццаг Каналæн бæоæг куыд æссис афтæмæй, экономикæйы министрады баиу уыдзæн æрдзы хъахъхъæды æмæ æрдзон ресурсты министрады хай æмæ ацы иугонд экономикон блокъæн растдæр Димитри Кумсишвили къухдариуæг кæндзæн.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады масштабон структурон æмæ кадрон ивдтыты фæдыл фидиуæн сом сараздзæн .
Ацы рæстæгмæ уæвæг информацийæ, плангонд у цалдæр министрады ссиу кæнын. Сæрмагондæй та 18 министрадæй ма баззайдзæн 13 миинистрад.