Гуырдзыстон гæнæн ис официалонæй нымадмæ ист æрцæуа сæны фыдыбæстæйæ
Гуырдзыстон гæнæн ис официалонæй намдмæ ист æрцæуа сæндуцынады фыдыбæстæйæ. Уый фæдыл фыссы америкаг зонадон журнал «Scienc».
«Цалынмæ Ливанæй Лангедокы онг (Франц) тыгъд сæндæттæ, сæны кондады меккæйæ суыдакуой, уымæй бирæ раздæр, Гуырдзыстоны ацы къабаз рагæй фæстæмæ хъæздыг уыд. Амæйразмæ Гуырдзыстоны ссардтой сæны сеппæты рагон бæлвырдгæнæнтæ Евразийы: сæнæй æфсæст керамикæйы къæрттытæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц, цæмæй ферментацигонд сæнæфсиры ныуæзт ацы регионы, нырма ноджы 8000 азы размæ цæттæ кодтой» – фыссы журнал.
Уый та 1000 азæй фылдæр у сæны кондады райдаыны периодæй ныры онг нымад датæйæ – дзурынц гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ ног иуæмйаг иртасæны.
Æнхъæлц бындурæвæрд цæуы Тбилисæй 50 километр дæрццæг лæууæг дыууæ хъæуы археологион цырт Шулаверы хохы æмæ Фаст хохыл уагъд къахтытыл.
Ссардæуыд стыр нымæцæй керамикæйы къæрттытæ, кæцы иртасджыты хъуыдымæ гæсгæйæ, дурынты æнгæс у. Сæ иуæй-иутыл ис символтæ æмæ нывтæй, кæцы сæнæфсиры цупалы æнгæс сты (фото).
«Незаманы тæнгъæдтæй æфсæст æлыгæй къæрттытæн массæйы спекторметрон анализ куы сырæзт, иртасджытæ ссардтой сæн, фæткъуыйы, хъæбæр хоры æмæ лимоны туагады фæд – Еровпæйаг сæнæфсирæй (Vitis vinifera) арызт сæнмæ хиадон алыгъуызон химикон фæды» – фыссы журнал.
«Радиоæвзалыдонгуыры датæ æвæрдæй фæстæдæр куыд фæбæрæг афтæмæй, æлыгæй къæрттытæ арызт сты зæронд азфыстæй 5800-600 азты, нырыккон рекорды бардарæг -Хаджи-Фируз-Тепъейы (Иран) археологион цыртыл ссарæггаг традицион сæны кондады артефакттæй 500-1000 азæй раздæр – уый фæдыл иртасджытæ хъусын кæнынц зонадон журнал PNAS –ы знон публикацигонд иртасæнæй.
2011 азы, Сомихыстоны иуæй-иу сæндуцджытæ ссардтой сæндуцыны æмæ ферментацийæн хъæугæ мигæнæнтæ, кæцыты кар у 6000 азы.
Сæны культурæйы фыдыбæстæйы ацы рæстæгмæ нымад цыдис, Китайы – цæугæдон Хуанхейы ком, цы ран ссардæуыд зæронд азфыстæй 7000 азæй датæ æвæрд сæнæфсиры сæны химикъон бæлвырдгæнæнтæ. Фæлæ уый нæ уыд классикон сæн, уымæн æмæ бонджынгонд уыдис дыргъы сæнæй, пырындзы бæгæныйæ æмæ мыды хæццæйæ.