Гуырдзыстон-Белорусы  матчы комкоммæ репортажы равдисдзæн Фыццаг Канал
Гуырдзыстон-Белорусы матчы комкоммæ репортажы равдисдзæн Фыццаг Канал

Гуырдзыстоны националон  æмбырдгонд  футболы, афæдзы фæстаг   æмгарон матчмæ  цæттæ кæны.  13 ноябры, Кутаисы Рамаз Шенгелиайы номыл  стадионыл, Гуырдзыстоны националон  æмбырдгонд  фембæлдзæн  Белорусы  æмбырдгондимæ.

Абон  Владимер Вайсы   балл матчы агъоммæ  трæнировкæтæ ауагъдта  Тбилисы Денджызыл уæвæг  «Зестафон»-ы  базæйыл.  Æрымбырд уæвæг  алы футболист дæр æнæнзиан сты æмæ сæхи цæттæ кæнынц  матчмæ.   Гуырдзыстоны æмæ Белорусы   матчмæ билетты  аргъ  у 2  ларийы æмæ йæ балхæнын  уæ бон у интернеты æмæ стадионы кассæты.

Кутаисы Рамаз Шенгелиайы  номыл  стадионæй Гуырдзыстон-Белорусы  матчы  комкоммæ репортажы уын  Æхсæнадон Телеуынынады  Фыццаг Канал  18:00 сахатыл  банхъардзæн.