Гуырдзыстоны 2019 -2020 азты пенситæ фæфылдæр уыдзысты фæйнæ 20 ларийæ
Гуырдзыстоны финансты министр Димитри Кумсишвилийы информацийæ, Гуырдзыстоны пенситæ 2019-2020 азты фæфылдæр уыдзысты 20 ларийæ.
Кумсишвили парламенты паддзахадон 2018 азы бюджеты проектыл уынаффæйы рæстæджыкуыд расидтис афтæмæй, тынг тагъд Гуырдзыстоны парламентмæ бавдыст æрцæудзæн пенсион реформæйы фæдыл законопроект.
«Уымæ æмбæлгæйæ дæр мах план кæнæм, фæнсангонд проектмæ бафтауæм ныффыст базон пенсийы иднексацийы фæдыл, фæлæ уæдмæ цалынмæ йæ кæсын райдайдзыстæм, аскуыддзаг кодтам цæмæй Гуырдзыстоны 2019- 2020 азты пенси фæфылдæр кæндзыстæм индексацийы методæй. 2019 азы пенси фæфылдæр уыдзæн 20 ларийæ, афтæдæр 2020-æ азы»- расидтис Кумсишвили.