Гуырдзыстоны 20 азы онг кары æмбырдгонд Албанийы 21 азы онг кары футболисттæн  рамбылдта
Гуырдзыстоны 20 азы онг кары æмбырдгонд Албанийы 21 азы онг кары футболисттæн рамбылдта

Гуырдзыстоны 20 азы онг кары  футболистты æмбырдгонд, фыццаг  æхсæнадæмон  матч сарызта.  Давит петриашвилийы  номыл стадионыл, Васил Маисурадзейы  бал,  æмгарон матчы  Албанийæн фысым кодта.

Фыццаг  къæмы баппæрста  Тбилисы «локомотивы»  футболисттæ:  10-æм минутыл, хыгъд бакодта   Нугзар  Спандерашвили.  69-æм минутыл  Ираклий Бугъридзе  хъауджыдæрдзинад райрæзын кодта   дыууæ  къæмы онг.  73-аг минутыл   та албайнæгты  хъахъхъæнæг  Нури, нæ размæбырсджыты  хъуыддаг йæхæдæг сыххæст кодта,  æмæ къæм баппæрста  сæрмагонд дуармæ.  Уымæй сфиксир ис  матчы кæронбæттæн  хыгъд – 3:0.