Гуырдзыстоны делегаци, Украинайы Уæллаг Радайы сæрдарыл фембæлд
Гуырдзыстоны делегаци, Украинайы Уæллаг Радайы сæрдарыл фембæлд

Гуырдзыстоны парламенты, Украинаимæ æрдхордон къорды делегаци, 9-æм ноябры, Украинайы Раадйы сæрдарыл Андри Парубийыл фембæлд – уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламенты пресс-центр парахат кæны. Фембæлдыл, Украинаимæ æрдхорды къорды къухдариуæг, Гиоргий Мосидзе, вице-спикер Серги Къапанадзе, депутаттæ Кахабер Къучъава, Ирина Пруидзе, гела Самхараули, Давид Матикашвили æмæ Гоги Мешвелиани истой хайад. Афт æдæр Украинайы Радайы сæрдаримæ фембæлдыл уыдысты Гуырдзыстоны минæвар Украинайы Гела Думбадзе æмæ минæварады хистæр амонæг Джемал Гогитидзе. Гуырдзийаг делегаци, Парубийæн базонгæ кодта сæрмагонд позици, антитерористон операцийы зонайы фæдыл. Банысан кодтой цæмæй снысангонд бынатмæ нырма фæсарæйнаг делегацитæ нæ ныццыдысты. Фарсытæ бакастысты Гуырдзыстоны парламенты сæрдары визит Киевмæ, кæцы 2018-æм азы 17-19 январы у плангонд.