Гиорги Маргвелашвили – НАТО æмæ Евроцæдис дуар хъуамæ бакæной уыцы бæстæтæн, кæцыты æмбæстæгтæ дунейы æдадсзинады срæвдзы хъуыддаджы сты баст
Гиорги Маргвелашвили – НАТО æмæ Евроцæдис дуар хъуамæ бакæной  уыцы бæстæтæн,  кæцыты æмбæстæгтæ  дунейы  æдадсзинады  срæвдзы хъуыддаджы сты баст

Гуырдзыстоны  президент Гиорги Маргвелашвили Польшæмæ  официалон визиты фæлгæтты, хайад райста   Варшавайы  æдадсзинады форумы,  кæцыйы  Гуырдзыстон специалон  уазæг бæстæйы статусæй у бавдыст.

Гиорги Маргвелашвили фæныхас кодта Гуырдзыстон-Уæрæсейы  ахастытыл, Гуырдзыстоны Евроцæдис æмæ НАТО-мæ интеграцийыл æмæ регионон экономикон  проектыты  сæххæст Гуырдызстоны  ролы фæдыл.

Гуырдзыстоны  президент куыд расидтис афтæмæй,  Гуырдзыстон, кæцы  у  Скæсæн Европæйы  бæстæ, Централон  Европæйы бæстæтимæ иумæ  архайы куыд самайа  бирæ æдасдæр  Европæ.

Гуырдзыстоны президент  фæныхас кодта Уæрæсейы  аннексигæнæг политикæйы фæдыл.  ЙÆ ныхæстæм гæсгæ 90 азты, Уæрæсе  æфсæддон агрессийы куы сыххæст кодта  Гуырдзыстоны иуæй-иу регионы , уæд нæ сырæзт æмьбæлон аргълæвæрд  йæ архæйдтытæн.  Иуæй-иу сегасæй егъау атомон  паддзахад, афтæдæр æрбабырста Гуырдзыстонмæ 2008-æм азы. 2014 азы та  æрцыдысты Уккраинæйы фæзындтæ.  Гиорги Маргвелашвилийы  фидиуæнæй, зæгъгæ    90 азты æмæ  2008 азы  прецеденттыл  æмбæлон аргълæвæрд куы сырæзтаит,  уæд гæнæн ис   Украинæйы  фæстиуæг мауал æрлæууыдаит. Уæрæсейы архæйдтытæ  æхсæнадæмон  барады принципты  халæг сты æмæ  сыл хъуамæ сырæза бæлвырд æмæ дырыс  аргълæвæрд.

Гуырдзыстоны президент  æхсæнадæмон   дзыллæмæ æрсидтис, бирæ дырысдæр,  бæлвырд æмæ рационалон позицийы  æмæдзуппыты сфиксир кæнынмæ.