Гиоргий Хатидзе –ахæм уацхæссæг райсдзыстæм, кæцы æхсæнады æркуырдтæн дзуапп дæтты æмæ уыцы практикамæ гæсгæ кусы, кæцыйы Европайы бæстæты уæвæг уацхæссæгтæ архайынц
Гиоргий Хатидзе –ахæм уацхæссæг райсдзыстæм, кæцы æхсæнады æркуырдтæн дзуапп дæтты æмæ уыцы практикамæ гæсгæ кусы, кæцыйы Европайы бæстæты уæвæг уацхæссæгтæ архайынц . Уый фæдыл парламентон фылдæры хайы уæнг Гиоргий Хатидзе парламенты расидтис, кæцыйы «Уацхæссæгы фæдыл законмæ» ивæндзинæдттыл фыццаг байхъуыстæй уынаффæ кæнынц. Хатидзейы бæлвырдмæ гæсгæ, инициатортæ «уацхæссæгы фæдыл» законы пакетæй дыууæ фарста систой – фыццаг ивæндзинæдтæ административон кодексмæ хауынц, кæцымæ гæсгæ, æхсæнадон уацхæссæгы бар уыд лæвæрд, ахæм фарстатыл, куыд сты – специалон програмæтæ, иноваци æмæ ноггдзинæдтæ. «Мах райсдзыстæм ахæм уацхæссæг, кæцы æхсæнады æркуырдтæн дзуапп дæтты æмæ уыцы практикамæ гæсгæ кусы, кæцыйы Европайы бæстæты уæвæг уацхæссæгтæ архайынц. Мах европайы уацхæссæгты цæдисы æрдыгæй æвдыст хаццæг ис æмæ афтæ дæр Евросоветы хаццæг» -расидтис Хатидзе.