Батумы «Силк Тауэры» «Силк Роуд Къорд» самайдзæн æминвестирдзинады фондимæ иумæ
«Силк Роуд Къорд» Батумы «Силк Тауэры» æминвестирдзинады фондимæ иумæ самайдзæн. Уымæ гæсгæ специалон информацийы æмæ комментарты «Æминвестирдзинады фонд» хæлиу кæны.
«Нæ къорд нырид 10 азæй ыфылдæр у Гуырдзыстоны æххæст кæны инвестицитæ æмæ ацы рæстæгмæ зæгъæн ис 600 милуан АИШ доллары онг инвестици сæххæст кодтам Гуырдзыстоны экономикæйы æндæр æмææндæр секторы.
Нæ инвестицион куысты нысаниуæгджын бынат ахсы Аджарийы регион, цы ран 90 милуан долларæй фылдæр инвестици сæххæст кодтам бирæ проектыты, сæ нымæцы фысымуат «Редисоны».
Банысанкæнинаг у уый, цæмæй æнæкæсгæ 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстмæ, нæдæр Тбилисы æмæ нæдæр Батумы проектытæ нæ фæурæдтам æмæ 2009 азы Тбилисы æмæ 2011 азы та Батумы байгом кодтам «Редисоны» бренды фысымуаттæ. 2012-æм азы мах хуындæй Гуырдзыстонмæ æрцыд Дональд Трамп, «Трамп Тауэры» проекты перезентацийы тыххæй.
Дональд Трампæн йæ зæрдæмæ фæцыд Гуырдзыстон, Батум æмæ фидæн «Трамп Тауэры» локаци, кæцы нæ хъуыдымæ гæсгæ, сегасæй хуыздæр у Батумы æмæ æцæгдæр æвзæрст æмæ æнтыстджын проекты аккаг у. Трамп Америкæйы президент куы æссис, реалондзинад аивдта. Мах иумæйаг разыдзинадæй аскуыддзаг кодтам бадзрыд, фæлæ нæдæр æз æмæ нæдæр мæ къорд иу минутæй дæр не æрурæдтам хъуыды кæнын ацы проектыл. Фæнды нæ Аджарийы самайæм комплекс, кæцы Батумы райтынгы ног этапæй суыдзæн: «Силк Тауэр» æмæ алфæмбылай террторий , æрдз, кæцы сахары визитон картæйæ суыдзæн. Ныфс нæ ис, цмæй ацы проект нысаниуæгджын хай бавæрдзæн фылдæр инвестициты æрбаласыны æмæ бæрзонæфтиагджын туризмы рапарахаты хъуыддагмæ. Нæ партнер у Гуырдызстоны æмнвестирдзинады фонд, кæцы ацы проекты æмфинансдзинады райсдзæн хайад» – хъусын кæны Гиорги Рамишвили.
Ацы этапыл «Силк Роуд Къорды» заказæй, æхсæнадæмон консультацион компани «Сервотел» фæцис базары иртасын. Ныр цæуынц проекты техникон-экономикон документацийы бакусæн мадзæлттæ.
«Серволты» минæвæрттæ Тбилисмæ æрцыдысты 5 ноябры æмæ «Силк Роуд Къорды» æмæ æминвестирдзинады фондæн бавдыстой проекты параметрты фыццагон презентаци.
Аскуыддзаг ис цæмæй проект сæххæст уыдзæн цалдæр фазæйæ: фыццаг жтапыл плангонд у «Силк Тауэры» арæзтад æмæ йæ алфæмбылай уæвæг яхтклубы дæргъы уæвæг променады саразын. Проекты райтынгы фæдылдзог фазæтæ сты: æфтауцæй цæрæн комплексты, бæрзонд кълассы фысымуаты, казинойы, ивхæрсæн центры, мультифиункцион залы æмæ конгрес центры арæзтад. Развæлгъау схыгъдæй, проекты æппæт аргъ, алы фазæйы банымадæй, зæгъæн ис 250 милуан АИШ доллар.
Ныр «Силк Роуд Къорд» уадзы бадзырдтæ бынæттон æмæ æхсæнадæмон банкътимæ, 2018 азы фæуыдзæн территорийы, генералон планы бакуыст, æрмæст йæхæдæг «Силк Тауэры» арæзтады райдаын плангонд у 2019 азмæ.