Афганистан, историйы фыццаг хатт зымæгон олимпиадайы райсдзæн хайад
Афганистан фыццаг хатт райсдзæн хайад Олимпион хъазтыты 2018 азы. Уый фæдыл информаци парахат кæны Tolo News. Олимпиада -2018-æм сырæздзæн Пхеньяны 9-25-æм февралы. Афганистаны хъазтытыл бавдисдзæн къахдзоныгътыл цæуæг Саед Алишах Фарфанг æмæ Сайад Хусаина. Снысангонд бадзырдыл къух æрфыстой олимпион комитеты сæрдар Мохамед Захир Агбар æмæ Хæссар Кореайы Националон олимпийон комитеты къухдариуæг Ким Ун Ен. Афгайнаг спортсментæ 13 хатт истой хайад сæрдыгон Олимпиадайы. Æнæхъæнæй уыдонæн ис дыууæ бронзайы майдан, кæцыты рамбылдта Рохулла Никлай 2008-æм æмæ 2012-æм азты.