Анкарайы националон бæрæгбон, Республикайы боны снысаны фæдыл, масштабон демонстраци сырæзт. Акцийы хайадисджытæ, антиамерикаг лозунгтимæ рацыдысты уынгтæм. Акци парламенты фыццаг бæстыхайæ райдыдта æмæ Ататуркы мавзолейы цур фæцис. Мадзалы, традиционæй хайад райстой Туркы президент æмæ премьер-министр. Реджеп Таип Эрдогъан хицауады бæрнонтимæ иумæ мавзолейы дæр уыд. 1923-æм азы 29-æм октябры Мустафа Кемаль Ататурк Туркы республикайæ, официалонæй расидтис, цæй фæстæ дæр парламент халæппæрсты фæстиуæг Ататуркы, фыццаг президентæй сывзæрста.