Америкаг генерал дзуры, цæмæй Трампы æнæзакъонон бардзырд нæ сыххæст кæндзæн
Америкаг генерал дзуры, цæмæй Трампы æнæзакъонон бардзырд нæ сыххæст кæндзæн

Америкаг генерал  дзуры, цæмæй Трампы  æнæзакъонон бардзырд нæ сыххæст кæндзæн.  АИШ-ы  стратегион тыхты  сæргълæууæг  Джон Хайтены  дзырдæй,  кæд æмæ АИШ-ы  президент æнæзакъонон бардзырд ратдзæн,  атомон хæцæнгарзæй  спайдайы фæдыл,  уæд уый   ахæм хæслæвæрд нæ сыххæст кæндзæн.

«Уый фæстæ райдадзыстæм уынаффæ кæнын  альтернативон рацæуæныл» –   расидтис Хайтен.

АИШ-ы  хъаххъæнынады уагдоны,  генералы ацы фидиуæныл комментаритæ нырма нæ сарызтой.

Бакой уынкæндзыстæм, цæмæй  АИШ-ы президент Дональд Трамп, ИНО-йы  генералон ассамблейыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  нæ ацух кодта, цæмæй АИШ-ы  зæгъгæ, гæнæн ис  Цæгат Кореяйы ныхмæ атомон  хæцæнгарзæй  спайда кæнын  дæр бахъæуа.

Ивгъуыд къуырийы, бирæазон паузæйы фæстæ  фыццаг хатт, сенаты АИШ-ы   президенты  æрдгй  атомон  бырсты  сæххæсты  фæдыл бардзырды  фæткъ раивыныл фæтæрхон кодтой.