Абашидзе-Къарасины радон фембæлд Прагъайы сом сырæздзæн
Абашидзе-Къарасины радон фембæлд Прагъайы сом сырæздзæн

Прагъайы сом Гуырдзыстоны премьер-министры специалон бæрнон Уæрæсеимæ æммахастыты фарстайы Зураб Абашидзе Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Григорий Къарасиныл фембæлдзæн. Зураб Абашидзейы расидæнмæ гæсгæ, фембæлдыл сæйраг темæ арæнон мониторингы фæдыл 2011-æм азы ист бадзырд уыдзæн. Йæ сбæлвырдмæ гæсгæ, ивгъуыд фембæлдыл сырæзт бадзырд, цæмæй швецарийаг фарсимæ иумæ снысан уыдаит контракттыл къухфысты датæ. «Гуырдзийаг фарс цалдæр хатт сбæлвырд кодта, цæмæй цæттæ у уымæ, фæлæ ныры онг, уырыссаг фарсæй дзуапп нæ райста. Мах бахъавдзыстæм ,сбæрæг кæнæм, цæттæ у æви нæ  Уæрæсе бадзырды сыххæстмæ» – расидтис Зураб Абашидзе.