Ираклий Къобахидзе Цæгат Македонийы ассамблейы сæрдар Африм Гашиимæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Цæгат Македонийы ассамблейы сæрдар Африм Гашиимæ фембæлд. Уый фæдыл Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хъусын кæнынц.
Хицауады администрацийы расидæнмæ гæсгæ, фембæлды рæстæджы банысан ис, цæмæй ассамблейы сæрдары визит Гуырдзыстонмæ у хорз фадат кæрæдзийæн цымыдисгæнæг фарстаты фæдыл хъуыдытæ баивынæн æмæ дывæрсыг æмкуыстдзинады фæарфдæр кæныны фæндæгтыл æруынаффæ кæнынæн.
«Ахаххгонд æрцыд Гуырдзыстон æмæ Республикæ Цæгат Македонийы æхсæн политикон диалогы æмæ секторалон æмкуыстдзинады ноджы фæтыхджындæр кæныны нысаниуæгдзинад.
Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд дыууæ бæстæйы закъондæттæн органты фæстиуæгджын æмархайдмæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдтæ сфидар кæныны перспективæтæм.
Фембæлды рæстæджы афтæ дæр ныхас цыд Гуырдзыстоны ролыл Сау Денджызы регионы, афтæ дæр регионалон бастдзинады размæцыды æмæ диалогы парахат кæныны йæ хайбавæрды фæдыл.
Фембæлдыл Гуырдзыстоны хицауады сæрдары хæдивæг æмæ æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили æмæ хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Леван Жоржолиани истой хайад», -ис фыст хицауады администрацийы расидæны.