Зугдиды  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн  æхсæз  гектары онг æхсæры  æмæ  хурмайы  плантаци  басыгъд
Зугдиды зынгсирвæзты фæстиуæгæн æхсæз гектары онг æхсæры æмæ хурмайы плантаци басыгъд

Зугдиды  Нацъулукуйы  сыхы    зынгсирвæзты фæстиуæгæн   æхсæз гектры  æхсæры  æмæ   хурмайы   плантаци  басыгъдис.

Бынæттон цæрджыты  ныхæстæм  гæсгæ,  арт  фæзындис  сындзыты, фæлæ   фидар дымгæй  фæстиуæгæн   артдзæстмæ хæстæг уæвæг   æхсæры æмæ  хурмайы  цалдæр  гектраыл  ахæлиу ис  æмæ  æнæхъæнæй  скуынæг ис.

Зынгсирвæзты  ликвидацион  куыстытæ  уæлвæтк  уавæрты   куысты   зынгвæдисон-ирвæзынгæнджыты  дыууæ бригадæ  истой  хайад.

Цауы бынатыл   уыд  Зугдиды  муниципалитеты мэры  хæдивæг  Константинэ  Къакъава.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, райсгæ  зианы  бæрц  специалон комисси   бахыгъд кæндзæн  æмæ  зианбавзарæг æмбæстагæн   компенсацийы  бафидын  уый фæстæ райдайдзæн.

Зынгсирвæзт  ацы  рæсгтæгмæ  æнæхъæнæй  ликвидацигонд у.