Зугдиды раздæрон мэр æмæ вице-мэр стыр нымæцæй гæртам райсты фактыл æрцахстой
Зугдиды раздæрон мэр æмæ вице-мэр стыр нымæцæй гæртам райсты фактыл æрцахстой

Зугдиды раздæрон мэр æмæ вице-мэр стыр нымæцæй гæртам райсты фактыл æрцахстой

ПÆК-ы антикорупцион агентады кусджытæ оперативон-фæдагуырдон операцийы фæстиуæг, къордон стыр нымæцæй гæртамы райсты фактыл , тæрхондоны æскъуыдзагы бындурыл, Зугдиды муниципалитеты раздæрон мэр Лаша Гогия æмæ экс вице-мэр Гия Гулордава æрцахстой.

ПÆК-ы информацийæ, фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй 2018 –æм азы Лаша Гогия æмæ Гия Гулордава, кæцытæ уыцы периоды Зугдиды муниципалитеты мэр æмæ вице-мэры постытыл уыдысты, горæт Зугдиды уæвæг Гулуайы паркы æмæ æфсæнвæндагы станцæйы територийыл аукционмæ ахасты бæсты æмбæстагæй гæртамы хуызæй æркуырдтой æмæ райстой 21 500 америкаг доллар.