Зугдиды «Гуырдзыстоны Банкы» филиалæй, барадхъахъхъæнджытæ уацайрæгты хай ссæрибар кодтой [видео]

Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкы»  филиалæй  уацайрæгты хай  ссæрибар сты.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист бынатæй  куыд хъусын кæны  афтæмæй,  фондзы онг   уацайрагы бæстыхайæ æргъæвæн кранæй  ракодтой.  Уыдоны барадхъахъъæнджытæ   рафарстмæ  аластой.

Зугдиды центры,  Гамсахурдиайы  уынгыл  уæвæг «Гуырдзыстоны Банк»-мæ гарзджын балæбурдта æмæ уацар фæкодта  уым  уæвæг адæмы.Уæвæг информацийæ,  фыдгæнæгмæ ис  автоматон æхсæнгарз æмæ  гранатæ. Уацайрæгты æхсæн сты  куыд банкы  кусджытæ афтæ  хуымæтæг æмбæстæгтæ. Ацы рæстæгмæ нæу  бæрæг, цæмæй цы домы  уый. Бынатыл  мобилизацигонд у Зугдиды пъæлицæйы специалон нысаниуæгы  бал.