Змæлдыл тобæ абонæй 23:00 сахатæй  04:00  сахаты онг архайдзæн
Змæлдыл тобæ абонæй 23:00 сахатæй 04:00 сахаты онг архайдзæн

Хъæууон-хæдзарадон продукцийы  реализацийы  процессы, фермертæн къухацаразыны нысанæн  æхсæвы сахатты  змæлдыл  архайæг тобæ, абонæй  23:00 сахатæй  04:00  сахаты онг  уыдзæн.

Уый фæдыл  æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг  операцион штабы  хистæр, Гиорги Гъибрадзе, хицауады абоны  рабадты фæстæ лæвæрд брифингыл фехъусын кодта.

Гъибрадзе  куыд райхæлдта афтæмæй,   фæнысангонд  тобæ Гуырдзыстоны кæцыфæнды æмбæстагыл ахæлиу уыдзæн.

«Тобæты  период уыдзæн  23:00 сахатæй  04:00  сахаты онг, бæрæг у, кæцыфæнды æмбæстагæн.   Уый арызт æрцыд   уый тыххæй, цæмæй  фермертæн сæ къух саразæм  хъæууон-хæдзарадон куысты  æмæ  продукцийы  реализацийы  хъуыддаджы.  Фæлæ,  кæй зæгъын æй хъæуы,   æххæссы Гуырдзыстоны  кæцыфæнды æмбæстагмæ, гоймагмæ кæцы Гуырдзыстоны  уæвы», –  райхъусын кодта Гиорги Гъибрадзе.