Змæлд «Сирцхвилиайы» уæнгтæ, парламент, хицауады ног скондæн æууæнк кæй расидтис уый спротест кодтой [видео]

Закъондæттæг  органы цур  змæлд «Сирцхвилиайы»  уæнгтæ, парламент, Гиорги Гахариайæн æмæ  хицауады ног скондæн  æууæнк  кæй  расидтис  уый  спротест кодтой.

Акцийы хайадисджытæ  парламентарты  цагъайрæгтæй  схуыдтой.  Сæ ныхæстæм гæсгæ, ног  премьер-министр Гиорги Гахариа  закъондæттæг   органы бæстыхай,   дыккæг рацæуæны уылты  ныууагъдта.   Уыдон та  Гиорги Гахариайы  тæрсагæй  схуыдтой.

Гуырдзыстоны парламент  Гиорги Гахариайæн æмæ  хицауады ног скондæн   æууæнк абон расидтис.  Хицауад райста  98  депутаты  фарсхæцынад. Халæппæрсты хайад нæ истой  «Националон Змæлды»  «Европаг Гуырдзыстоны» æмæ  «Патриотты Альянсы» уæнгтæ.