Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдæрттæм æмæ Сырх Дзуары  æхсæнадæмон комитеты  президентмæ  оккупацион хаххыл уæвæг фæзындты фæдыл информаци æрцыд лæвæрд
Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдæрттæм æмæ Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты президентмæ оккупацион хаххыл уæвæг фæзындты фæдыл информаци æрцыд лæвæрд

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Лаша Дарсалиа  æмæ Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырдты æмсæрдæрттæ онлайн фембæлды фæлгæтты, цыбыр периоды  оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты  айтынггонд фæзындтæ афæлгæстой.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны пресс-куысты информацийæ,   министры хæдивæг мæстыдзинад равдыста  Уæрæсе æмæ йæ оккупацион режимты  æрдгæй  сæххæст провокациты тыххæй.  Сæ нымæцы  æндæр æмæ æндæр  аразгæ  барьерты  фидар кæныны æмæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  скъæфты  цаутыл.  Ацы контексты  бахахх ис   цæф æмæ скъæфт  Заза Гахеладзейы    афтæдæр  Хвича  Мгъебришвилийы  æмæ Бестауты Геннадийы  цыбырдæр æмгъуыдтæм  ссæрибар кæныны  æнæмæнгхъæуындзинад.

Афтæдæр сæ хъусинагæй,  Женевæйы   Гуырдзыстоны иугæндзонархайæг  минæвар, Александре  Маисурадзейы æмæ Сырх Дзуары  æхсæнадæмон  комитеты (ICRC) президент  Питер  Муреры  фембæлды сæйраг  темæ  уыд,  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, æдасдзинады, адæймаджы барты  æмæ   гуманитарон  цæстæнгасæй  уæвæг  уæззау  уавæры æркæсын.

Фембæлды  фæлгæтты, Питер Маурер  хъусдард раздæхта  Гуырдзыстонимæ уæвæг  дæнцон  æмкуысткæнынады æрдæм. Уый  раарфæ кодта  Гуырдзыстоны хицауадæн  æмæ Гуырдзыстоны Сырх Дзуарæн «Ковид-19»-ы ныхмæ эффективон  æмæ æнтыстджын  тохы  тыххæй.  Фарсытæ  æрныхас кодтой, Гуырдзыстон æмæ ICRC-ы æхсæн  уæвæг æнгом ахастытæ фæарфдæр кæныны фæдыл.