«Зестафоны» президент Гуырдзыстоны тырыса  райтыгъдта  Килиманджаройы  цъуппыл #1TVSPORT
«Зестафоны» президент Гуырдзыстоны тырыса райтыгъдта Килиманджаройы цъуппыл #1TVSPORT

Илиа Кокаиа  Африкæйы континенты сегасдæр бæрзонд  цъитийыл, Танзанийы æмæ  Кенийы  арæнгæрон  уæвæг  Килиманджаромæ ( бæрзæнд -5895 метр) схызтис – информаци, футболон клуб «Зестафоны»  официалон веб-фарс хъусын кæны.

Футболы  клуб «Зестафоны»  президент  æмæ  бизнесмен  Илиа Кокаиа  экспедицийы  альпинизмы æмæ  уæлхоз туризмы  уарзджыьы  къордимæ иумæ  уыд, кæцыты æхсæн æндæр æмæ æндæр бæстæты  æмбæстæгтæ  уыдысты.

Цымидисон у уый, æмæ Килиманджаройы  бæрзонддæр цъити Ухурумæ  цыды  рæстæджы,  сегасдæр вазыгджын   аклиматизаци  цæуы  нымад.  Экватормæ  хæстæг кæй у  æмæ  æрдзон зонæты  нымæцы тыххæй,  Африкæйы  бæрзонддæр  цъитимæ  схизыны рæстæджы  адæймаг рацæуы  зæххыцъарыл уæвæг  зæгъæн ис  алыхуызон  климатон зонæ.

Килиманджаромæ  схизыны фæстæ Илиа Кокаиа хохы  цъуппыл   райтыгъдта  Гуырдзыстоны  паддзахадон тырыса.

Банысан кæнын хъæуы,ома  футболон клуб «Зестафоны»  президент, Илиа Кокаиайыл  3 октябры  сыххæст ис  65 азы.