Зеленскийы Донбассы барвæндонтæй, хотыхтæ  раласын  æрдомтта,  дзуаппæн йын Абхазы  дæнцы тыххæй бакой  кодтой
Зеленскийы Донбассы барвæндонтæй, хотыхтæ раласын æрдомтта, дзуаппæн йын Абхазы дæнцы тыххæй бакой кодтой

 

Украинайы  президент  Владимир Зеленский Абхазы  тыххæй  йын кæй  бакой  кодтой  уый  дзуаппæн  æрдомтта, цæмæй  барвæндонтæ Донбассæй  раласой хотыхтæ. Инцидент æрцыд Луганскы бæстæйы  сахар Золотоейы, цы ран украинаг прездент фембæлд барвæндонтимæ.   7 октябры  ацы районы  хъуамæ райдыдтаит  фарсыты  кæрæдзийæ  фæхицæн кæныны  процесс, фæлæ  хъуыддаг фæкуылымпы ис.

Украинаг медиа фæрæзтæ  ахæлиу кодтой  президенты æмæ иуæй-иу  барвæндон ныхасы  видео.   Барвæндон  фæдзæхсы  Зеленскийы  цæмæй  зæгъгæ  украинаг тыхты  фæстæмæ ракæныны  цауы,  украинаг тыхты  æхсæн уыдзæн сæфт.  Уый дзуаппæн Зеленский  дзуры, цæмæй  зæгъгæ сабыр цæрджыты фæнды  хæст  кæрон  скæнын.

Барвæндонтæ  афтæдæр дзуырнц  Украинайы  президентæн,  цæмæй  рæстæгмæ фидыд, кæцыйы  кой  кæны президент,    сепаратистон къордтим æн æфæлæ  фактонæй æвæрд цæуы  Уæрæсеимæ, цæй  дзуаппæн Зеленский  дзуры, йын ницы  уæлдай  у  кæйимæ  бафысдзæн бадзырд  рæстæгмæ фидыдыл,  æмæ зæгъгæ сæйраг у –  цæмæй  адæм цагъд мæуал  цæуой.

«Мах хъуамæ æрыздахæм территоритæ æмæ бауромæм   марындзинæдтæ, раст нæу?» –  хъусын кæны  Украинайы  президент.

Президентимæ фембæлды фæстæ,   батальон «Азовы»  барвæндон,  рахæлиу кодта  фидео-сидт,  кæцыйы  мидæг паддзахады  сæргълæууæгæн   бакой  кодта   Гуырдзыстоны дæнц.

«Гуырдзыстон ракодта йе фсад,  уый  дзуаппæн та  Уæрæсе  сайдæй  бабырста  Сухуммæ, æмæ 600 000  гуырдзиаг,  тыхыбын баисты  сæхи бæстæйы  лигъдмæ раттын сæхи.  Мах нæ  фæнды  цæмæй  ахæм хъуыддаг æрцæуа  Украинайы» – райхъусын кодта украинаг барвæндон.

Æппынфæстаг бадзырдмæ гæсгæйæ, кæцы  Минскъы  æрцыд æвæрд,  фарсытæ  хъуамæ  сифтонг кæной  æхсты  урæд   минимум  авд боны æмгъуыдмæ,  цæмæй  бантыса тыхты  кæрæдзийæ  фæхицæн  Золотойы æмæ  Петровскийы.