Закъондæттæн ивддзинæдтæй  70 азæй  хистæрдæр  цæрджытæн  пенсийы  фæфылдæры  бæрзонд индекс  сфидар уыдзæн
Закъондæттæн ивддзинæдтæй 70 азæй хистæрдæр цæрджытæн пенсийы фæфылдæры бæрзонд индекс сфидар уыдзæн

Гуырдзыстоны  хицауад  парламентмæ бавдыста  закъондæттæг ивддзинæдты пакет,   кæцымæ  гæсгæ  дæр,  конкретон уаг  фæбæрæг ис, кæцыйæ   бахыгъд кæндзысты   пенсийы  бæрц.  «Паддзахадон пенсийы фæдыл»   закъонопроекты  абон бюройы  рабадтыл рахæсдзысты.

Алы пенсионер, æрвылазонæй   райсдзæн   пенсийы  фæфылдæр   минимум  20   ларийы бæрц  70 азы онг кары  цæрджытæн, æрмæст минимум 25  ларийæ та  70 аз æмæ  ноджы  хистæрдæр  кары   пенсионертæн.

Хицауады информацийæ,   Гуырдзыстоны 2020 азы  апрелы  уавæрмæ гæсгæйæ,  770  мин  сты  карæй  пенсионертæ, кæцыты пенси 220  лари у  æмæ 2020  азы  июлæй  70  азæй  хистæрдæр  пенсионертæн  пълангонд у  уæлæмхасæй   30   ларийы бæрцæй   фæфылдæр. Афтæдæр уæлхох  рæтты  цæрæг   пенсионертæ исынц пенси 20% фылдæр.