Бæрзондхохджын регионты уæззау метеорологион уавæрты æмæ зæйы тасы тыххæй, автомобилон фæндæгтыл уагæвæрд æрцыдысты арæнæвæрдтæ – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны, Гуырдзыстоны регионон тынгады æмæ инфраструктурæйы министрад.
«Æрдзы националон агентады хъусинагæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-СТепанцъминда-Ларсы фæндаджы Гудаури(Поста)-Къобийы фадыгыл интенсивонмитуарды тыххæй зæйы тас сырæзт, кæцымæ гæсгæ дæр фæтобæ ис змæлдцыфæнды хуызы автотранспортæн , афтæдæр ацы нысанæй куылымпы кæнынц ссыгъдæггæнæн куыстытæ. Рог автомобильтæн змæлд, Гудаури-Къобийы фадыгыл фæтобæ ис 8 январы æхсæв, æрмæст стыр уæзласæн автотранспорты змæлд та тобæгонд у 4 январæй.
Ацы фæндаджы Пасанаури-Гудаурийы фадыгыл тобæгонд у змæлд стыр уæзласæн æмæ 30-æй фылдæр бынатдлжын атовбустæн, æрмæст иннæ хуызы автотранспорты змæлд Млета-Гудаурийы фадыгыл гæнæн ис специалон рæхыстæй спайдайы руаджы. Гудаурийы онг фæндаджы ссыгъдæггæнæн куыстытæ 24 сахатон режимæй цæуынц.
ЗÆйы тасы тыххæй афтæдæр фæтобæ ис змæлд мидпаддзахадон нысаниуæгы Зугдиди-Джвари-Местиа-Ласдилы автомобилон фæндаджы (Къала-Ушгулийы» фадыгыл.
Мит æмæ кæлæхы тыххæй, Зугдиди-Джвари-Местиа-Ласдилы автомобилон фæндаджы (Хаиши-Къалайы) фадыгыл тобæгонд у уæзласæн автотраснпорты æмæ 30æй фылдæр бынатджын автобустæн. Иннæ хуызы автотранспорты змæлд (Джвари-Дизийы) фадыгыл сæрибар у.
Уæззау метеорологион уавæрты (тымыгъ æмæ уаддымгæй) тыххæй, мидпаддзахадоннысаниуæгы Къода-Парцхиси-Манглисы-Цъалка-Ниноцъминдайы автомобилон фæндаджы фадыгыл (Параваны æфцæг) тобæгонд у змæлд цыфæнды хуызы автотранспортæн.
Уæззау метеорологион уавæрты (фидар уад, тымыгъ, цæст æвзæр кæй æвзары0уыый тыххæй, мидпаддзахадоннысаниуæгы Къода-Парцхиси-Манглисы-Цъалка-Ниноцъминдайы автомобилон фæндаджы (ПараванНиноцъминдайы) фадыгыл æмæ Ахалцихе-Ниноцъминдайы (Сомихыстоны Республикæйы арæн) автомобилон фæндаджы км90-км112 (Ниноцъминда-Сомихы арæн) тобæгонд у змæлд цыфæнды хуызы автотранспортæн, рæмæст æхсæнадæмон нысаниуæгы Ахалкалаки-КЪарцъахийы (Турчы Республикæйы арæн) атомобилон фæндаджы км1-км36.5 фадыгыл æмæ Ахалкалаки-Къарцъахийы фæндаджы км 33 Кировакан-Кумурдойы автомобилон фæндаджы км1-км10 фадыгыл, тобæгонд у стыр уæзласæн æмæ 30-æй фылдæр бынатджын автобусты змæлд. Æндæр автотранспортæн змæлд уæгъд у. Ацы фæндæгтыл ссыгъдæггæнæн куыстытæ интенсивонæй цæуынц» – банысангонд у регионалон тынгады æмæ инфраструктурæйы министрады информацийы.
Уагдоны хъусинагæй, автомобилон фæндæгты департаменты æмæ æмбæлон контрактор организациты минæвæрттæ, мобилизацигонд сты æмæ æрдзы националон агентадцы фадгуытыл ратта уый бар – уым интенсивон куыст кæнынц.
Уымæй уæлдай ма, æппæт бæстæйы масштабæй, фæндæгтыл автотранспорты змæлд патрулон экипажтæ æнæаскуынгæ режимæй регулир кæнынц. Мидхъуыддæгты министрады дæлхайадты: патрулон æмæ криминалон полицийы, афтææдр ирвæзынгæнæн куысты минæвæрттæ, хъæугæ цауы, бæлццæттæн æххуыс кæнынц æмæ сæ æдас бынаты онг сæ транспортацийы аудынц.