Заал Удумашвили -  хуыздæр уыдзæн, паддзахадон нымæрдар йæхæдæг оппозицийæ куы базонит, цы уавæр ис бæстæйы,  уый
Заал Удумашвили - хуыздæр уыдзæн, паддзахадон нымæрдар йæхæдæг оппозицийæ куы базонит, цы уавæр ис бæстæйы, уый

Паддзахадон нымæрдары визит   кæддæриддæр у  иттæг нысаниуæгджын, уымæн  æмæ  Иугонд Штатты  ахæм  бæрзонд рангы  дипломат  бæстæмæ куы æрцæуы, уæд  æрцæуы конкретон  сигналтимæ, – уый фæдыл  «Националон Змæлды»  иуæй-иу  лидер  Заал Удумашвили  загъта.

Заал Удумашвили куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ,  зæгъгæ Майк Помпеойы  визит ныр сегасдæр  ахсджиаг у, бæстæйы ахæм уæззау  политикон   кризис куы сырæзт уæд.

«Кæй зæгъын æй хъæуы,  регионы уæвæг уавæримæ иумæ, Майк Помпео æркæсдзæн  31 октябры  æвзæрстытæ  æмæ уыцы   фæстиуджытæ, кæцытæ  æрлæууд, уый тыххæй дæр сæрмагондæй  нысаниуæгджын у æнææрмæст оппозицийæн, фæлæ ма  æнæхъæнæй   æхсæнадæн, цы æрвитæггæгтæ  уыдзæн АИШ-ы  паддзахадон нымæрдарæн.  Нырма  цы федтон, фембæлдтæ  сты пълангонд  хицауадимæ, фæлæ  ахæм бæрзонд рангы  дипломат куы рцæуы, уæд тынг дзæбæх  информиргонд вæййы  бæстæйы  уæвæг уавæры тыххæй, уый  нымæцы оппозицийы  хъуыдыйы  тыххæй дæр, фæлæ,  кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр уайид  кæд паддзахадон  нымæрдар  йæхæдæг оппозицийы  куы  фехъусит, цы  уавæр ис бæстæйы», –  райхъусын кодта  Заал Удумашвили.