«World Vision-Гуырдзыстоны» директор -  Алы стыр æнæрегулиргонд пансион æхгæд хъуамæ æрцæуа, Патриархийы  абослютонæй разы ацы хъуыдыимæ,  дзырдæуы æнæрмæст  Ниноцъминдайы, фæлæ ма алы пансионыл
«World Vision-Гуырдзыстоны» директор - Алы стыр æнæрегулиргонд пансион æхгæд хъуамæ æрцæуа, Патриархийы абослютонæй разы ацы хъуыдыимæ, дзырдæуы æнæрмæст Ниноцъминдайы, фæлæ ма алы пансионыл

Тынг дзæбæх фембæлд уыд  патриархийы.  Патриархиы разагъдæуыд  цæттæдзинад цæмæй   байхъусой нæ уынаффæтæм,   сæ  зæрдыл бадарой  уыцы   хуыздæр практикæ  æмæ стандарттæ, кæцы ис  сабиты хъахъхъæды сферæйы – уый фæдыл  патриархийы  ацæугæ фембæлды фæстæ  æхсæнадæмон  æнæхицауадон организаци, World Vision-Гуырдзыстоны  директор  Эка Гургенидзе   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ алы стыр  æнæрегулиргонд пансион æхгæд хъуамæ æрцæуа.

«Ниноцъминдайы  пансионы тыххæй куы зæгъæм,  æмæ  æнæрмæст уый тыххæй,   уæд алы  стыр æнæрегулиргонд  пенсион æхгæд хъуамæ æрцæуа  æмæ  ацы темæйыл  дæр нын ис  фидыд.  Патриархи  абсолютонæй разы у  ацы хъуыдыимæ, алы пансионы тыххæй  цæуы ныхас  æмæ æнæрмæст Ниноцъминдайы  пансионыл. Хуымæтæг процесс нæу. Максималонæй  архайынц уым кусæн  социалон кусджытæ, цæмæй   куыд гæнæн ис  афтæ рæзджы  фæуа  ацы ацы процесс.  Адæмон  хъахъхъæнæгыл дæр уыд ныхас  æмæ патриархи райхъусын кодта, цæмæй  разы у  адæмон хъахъхъæнæгы  бауадза, фæлæ  кæд уыдзæн  уый,  ууыл дзуаап   раттын мæ бон нæу» –  загъта Гургенидзе.

Патриархийы   Карл Харцелы æмæ сабиты бартыл кусæг  æхсæнадæмон организациты  минæвæрттæ  хайадæй  фембæлд ацыд.