«ВВС» - цасы аргъ у Гренланди  æмæ  цæмæн бахъуыд  сакъадах Дональд Трампы
«ВВС» - цасы аргъ у Гренланди æмæ цæмæн бахъуыд сакъадах Дональд Трампы

Америкæйы Иугонд Штатты  президенты  фæнды Гренландийы  балхæнын, фæлæ Дани ацы  æнхъарæнимæ  не сразы ис. Уый тыххæй  Дональд Трамп  Данийы  падздахадмæ йæ визит аивдта.

Цы хæзнатæ ис Гренландийы?

Гренландийы территорийы 80%  æмбæрзт у  ихæй.  Сакъадахыл  æдæппæт цæрынц 60 мин адæймаг. Донбылыл бирæ  кæсаг ис,æрмæст  мæр та бонджын у  пайдаджын къахæггæгтæй,  кæцыты амалиуæг  æввахс азты бирæ æнцондлæр  суыдзæн,  уымæн æмæ  глобалон хъарм  æнæфевгъуийгæ у.

Гренландийы  ис нефт, уран  æмæ стæм згъæртæ, кæцы  цæрынæн  нысаниуæгджын сты ныррыккон бæрзондтехнологион  продуктты амалиуæгады. Фæлæ  ахæм згъæрты 70%  ис Китайы,  кæцыимæ Трамп сцырын  кодта «базарадон хæст».

Йæхи æрдгæй  Китай нырид балхæдта  стæм згъæрты  куырæнуаттæ Африкæйы   континентыл. Æцæг у Пекин  дзырд ратта, цæмæй   ацы  згъæрты  дунейы  базармæ ифтонгад не сæмбонд кæндзæн, фæлæ  ахæм цауы дæр,   фæнысангонд згъæртæ  гом фæстауæрц  æрмæс цалдæр азыл нымад сты.

АИШ-æ дунейы сеппæтæй  бонджындæр паддзахад у. Уый  ног  технологиты  сферæйы  лидер æмæ  нефты  сегасæй  ставддæр   амалгæнæг у.  Ацы титулы  æмæ позицитæ бафидар кæнынæн Гренландий АИШ-тæн  тынг рабæздзæн.

Цæмæн бахъуыд сакъадах Трампы?

Сакъадах Гренландийæн  Арктикæйы  стратегионæй нысаниуæгджын  географион  равæрд ис. Гренландийы уылты  у  Европæйæ Цæгат Америкæмæ  сегасæй  цыбырдæр фæндаг.  ХЪуамæ  банысанæуа уый дæр æмæ Гренланди  географионæй  Цæгат Америкæмæ  хæстæгдæр у  Данимæ  абаргæйæ,  кæцыйы автономион территори у ныр.

«Уазал Хæсты» рæстæгæй  райдайгæ, АИШ-æн Гренландийы  ис  сæрмагонд æфсæддон базæ.  Пентагон нæ зæгъгæ нæ кæндзæн, Арктикæйы  сæрмагонд минæварады апарахат кæнын фадат йем куы фæуаид уæд, цæмæй  сæ ныхмæ  слæууа æндæогъ – Китай æмæ Уæрæсейæн.

Аналогион мысан уыд  1946 азы  АИШ президент Харри Труменæн  дæр, кæцы Гренландийы  бæсты  100  милуан доллар банхъарыд Данийæн.  Трумены  нæ фæндыд  Гренланди  знаджы  къухтæм бафтыдаит.

Китайы рагæй фæнды Арктикæйы уылты базарадон фæндаг  алыг кæнын. 2018 азы  Пекин  ГРенландийыл дыууæ аэропорты  саразыны фæндон равдыста, фæлæ Данийы  Паддзахад  автономийы хицауады бауырнын  кодта,  æмæ дыууæ дæр контракт  лæвæрд æрцыд данийæгтæм.

Уæрæсе  йæхи æрдгæй  Арктикæйы  æфсæддон  минæварад  рæзын кæны. Мæскуы   ныридæгæн райрæзын кодта  сæрмагонд æфсæддон базæ, кæцы  кæйронаг цæгаты,, Франц-Йозефы зæххыл уæвы.  Уым уæвæг   аэродром «Нагорскъ» ныридæгæн цæттæ у  стыр  «Ил-78» хæдтæхджытæ райсынæн.  Ацы   хæдтæхджытæй,  авиакунæггæнджыты æмæ  бомбардировкæгæнджыты  æртагæй   уæлдæфы  сифтонг кæнын  ис гæнæн.

Цы мысанмæ тырны Дональд Трамп?

Трамп у амайджыты цот.  Уый кæддæриддæр æлхæдта  зæхх, арызта дзы  хæдзæрттæ  æмæ уæй кодта  фатертæ.  Фæлæ ныр уый президент у  æмæ  дзырд ратта, цæмæй Гренлайдиимæ, йæ уарзонд Манхеттэны сакъадахау  никуы   бакæнид.

Уый амонæг у  йæ «Твиттеры»  фарсыл  публикацигонд ныффыст, кæцыйы мидæг дзуры, цæмæй Гренлайндийыл зæгъгæ  «Трамп Тауэры»  саразын нæ хъавы.

Фæлæ Трампы  сæрмагонд интерестæ  æрмæст æхцайыл æрдæм не сты.  Гренландийы  балхæды цауы,  уый АИШ-ы  президент Эндрю Джонсонимæ æмæ Томас Джеферсонимæ иумæ историйы  ахуыргæнæн  чингуытæм æрцæудзæн хаст, кæцытæ  Аласкъæ  æмæ Луизиана балхæдтой.

Цасы аргъ у Гренланди?

Зæххæ  æмæ ахæм кæцыйыл  60 000 адæймаг  цæры, нырид  рагæй  фæстæмæ нæ  ауæй ис, уый тыххæй Гренландийы  аргъ сбæрæг кæнын  зын у.

Джеферсон,  Луизиана, XIX æнусы  Францæй  15 милуан  долларæй балхæдта, 50 азы фæстæ  Джонсон  уырыссæгтæй  дыууæхаттонæй асламдæр балхæдта  Аласкъæ.  АИШ-ы  президент Трумен, Гренланди фæхатыр кæныны бæсты, æнхъардта 100 милуан доллары.

Зæгъæм инфляци нæ уайид,  ахæм цауы дæр, абон 100  милуан долларæй  Манхеттэныл иу  хæдзар дæр нæ балхæнис.  Кæд æмæ нæ зæрдыл бадарæм  АИШ-ы  хъæууон хæдзарадæн нæбæззон  нысаниуæгы  зæххы  æргътæ,  уæд Гренландийы  аргъ    1  триллион доллармæ  уæддæр хъуамæ  аххæссид.

Фæлæ экономикон æмæ стратегион потенциал зæрдыл даргæйæ, Гренландийы  аргъ  бирæ  фылдæр у.

Даний  æхца  хъуаг у?

Трампы  фидиуæнæй, Гренланди зæгъгæ  Данийæн æгæр уæззау  уаргъ у.

«Уыдон фыдæбон кæнынц, ййафынц  зиан – 700 милуан хардз кæны афæдзы мидæг  Гренландийы» – райхъусын кодта Трамп.

Даний æцæгдæр  дæтты Гренландийæн афæдзы мидæг  640 милуан  доллары. Фæлæ  ай у  фурды тъепайау, уымæн æмæ  Данийы  æмогæйон мидпродукт  211  миллиард долларæй  фылдæр у,  æмæ сакъадахы дотаци, Данийы Паддзахады бюджеты 0,5% дæр нæу.

Даний дунейы  сегасæй  бонджындæр паддзахадты  дæсойы æхсæн ис.  Йæ æддагон хæс , æмтгæйон мид продукты  æртыккаг  хай у. Æхца сæм Данийы  уый йас ис, æмæ банкъытæ  кредиттæ дæттынц  0,5%-æй, æрмæст ипотекон  кредиты  цауы та, æмбæстæгтæ банкъы æфстау райсгæ  суммæйæ  къаддæрдæр фидынц.

Ис æви нæ  АИШм æхца, цæмæй  Гренланди балхæна?

Данийæ хъауджыйæ АИШ-ы  хæс, æмтгæйон мидпродуктæй  фылдæр у. Ацы хæс  абон 22 триллион доллар у. Фæлæ  АИШ-æм ис  фæнысангонд хæсы, æнæбæрц райрæзын кæныны  фадат, уымæн æмæ  æфтиагджын æмæ æууæнкаг  активтæ дунейы  зæгъæн ис нал баззад. Уый тыххæй дæр  доллары  аргъджын  гæххæттытыл  ныр стыр æркуырд ис.

Фæнысанкæнинаг у уый дæр æмæ, Гренландийы  балхæды  цауы, финансдзинад райсынæн, Трампы бахъæудзæн Конгрессы барлæвæрд. Зæрдылбадарын хъæуы  цæмæй  Конгресс ацы афонмæ  нæзагъд кæны  АИШ-ы президенты инициргонд проектты финансдзинадыл. Сæ нымæцы  ис Мексикæйы  арæныл  сис саразын дæр.

Цахæм у Данийы позици?

Данийы Паддзахады  премьер-министр ныридæгæн райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ Гренланди уæййаг нæу.

Уый тыххæй, Трампмæ ма æрмæст сепаратистты ныфс зайы.  Кæд Гренландиæгтæ  хæдбардзинад райхъусын кæндзысты, уæд сæхæдæг ахицæн кæндзысты, кæмæн бауæй  кæнеой фыдыбæстæ.

Кæд уынаффæ  Трампы  пайдайæн  рахæсдзысты, уæд Гренланди  виппайды фестдзæн  миллионерты  сакъадахæй, уымæн æмæ Вашингтон  Гренландийы  минималон аргъ – 1 триллион доллар уæддæр бафиддзæн, фæйнæ æмбæстаг  18  милуан доллар уæддæр райсдзæн.