Владимир Зеленскийы информацийæ, уацайрæгты  баивды рæстæджы, ссæрибар кодтой 81 украинагы
Владимир Зеленскийы информацийæ, уацайрæгты баивды рæстæджы, ссæрибар кодтой 81 украинагы

Украинайы   президенты  Владимир Зеленскийы  информацийæ,  уацайрæгты баивды  рæстæджы  81  украинагы  ссæрибар кодтой.

«Нæ  зонын ис гæнæн æви нæ  уый  стыр  уæлахиздзинад схонын. Сæйраг у  уый æмæ  ацы  адæймæгтæ  сты  сæ  хæдзæртты.  Уый у  Нормандиаг  Цыппары  бадзырды фыццаг хай», –  райхъусын кодта  Украинайы  президент.

Украинайы   хицауады æмæ  проуырыссаг  сепаратистты æхсæн  уацайрæгты  баивды  процесс  фæцис.  Уацайрæгты баивды  процессмæ  цæст дарттой  Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитет æмæ ОСЕ.  Фæстаг дыууæ  азы  дæргъы, Донбасы уацайрæгты баивд  фыццаг  хатт сырæзт.