Владимир Зеленскийы фыццаг комментарий эгзитполты фæстиуджыты фæстæ - Ай нырма райдиан у [видео]

Ай  нырма райдиан  у – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн   Украинæйы  президенттæм кандидат  Владимир Зеленский   загъта.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ  цыбыр комментари сарызта.

«Иттæг  хорз эмоцитæ мæм ис,  тынг æнахуыр у  алцы,  фæлæ  ай  нырма райдиан у» –  фехъусын кодта Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн Владимир Зеленский.

Эгзитполтæ райхъусын кæныны фæстæ, Украинæйы  президенттæм кандидат  сæрмагонд штабы æрымбырдуæвæг   фарсхæцджытæм баздæхт  æмæ райхъусын кодта, цæмæй  уымæн зæгъгæ  хъауджыдæр нæу уый æмæ чи йын уыдзæн конкурент  дыккаг туры.

«Нæридæгæн мын загътой цæмæй,  фейк-ньюстæ  зæгъгæ  ахæлиу сты, цæвиттон  кæйдæримæ баныхас кодтам æмæ  баиу  стæм.  Мах никæйимæ баныхас кодтам.  Мах стæм æвзонг адæймæгтæ  æмæ  нæ  ницæмæн хъæуы,  ныридæгæн ивгъуыды  цы  баззад уый  фидæнмæ рахæссын. Нæ бæстæйы  фидæнмæ» – райхъусын кодта  Владимир Зеленский.

Эгзитполты  фыццагон фæстиуджытæм гæсгæ,   Украинæйы   президентон æвзæрстыты  дыккаг тур ацæудзæн Владимир Зеленский  æмæ  Петро Порошенкойы  æхсæн.