Владимир Зеленский, Украинæйы æстæм æрсидты парламенты суæгъд кæныны тыххæй райхъусын кодта
Владимир  Зеленский, Украинæйы  æстæм æрсидты  парламенты  суæгъд кæныны тыххæй райхъусын кодта

Украинæйы  президент, Владимир Зеленский  инаугурацион   раныхасы рæстæджы   Украинæйы  æстæм æрсидты  парламенты  суæгъд кæныны тыххæй   райхъусын кодта.   Зеленский   афтæдæр  бакой  кодта депутаттæн, цæмæй   абон куыстбон у, афтæма, цалдæр закъонопроекты  райстмæ сæм æрсидтис,   сæ нымæцы депутатты  æмæ  тæрхонгæнджыты иммунитет  аивыны,  ног æвзарæнон   кодексы   райсыны фæдыл.

Зеленский  депутаттæм  æрсидтис,    æдасдзинады  куысты,  генералон   прокуроры æмæ хъахъхъæнынады  министры   сæ куыстæй  сисыны  тыххæй. Фæнысан кæнинаг у,   цæмæй  уæлдæрбанысангонд   бæрзонд гæстæ   Зеленскийы  дзырдæй  ралæуды рæстæджы  Радайы  рабадтыты  залы  нæ уыдысты.

«Саразут ай  æмæ  уæхиуыл æрцауындзут   майдантæ –  æвзæр бонус нæу   парламентон æвзæрстыты размæ,  уый  тыххæй  уын  дыууæ  мæй  уыдзæн.  Мах  ма хъуамæ  æнхъæлмæ кæсæм  цæмæй  хицауад аскуыддзаг кæндзæн  нæ  проблемæтæ.  Растдæр  хицауад у  нæ сæйраг проблемæ», –  Зеленский   Рональд Рейганы  цитата æрхаста æмæ  министрты  кабинеты  уæнгтæм  куыстуæгъдмæ æрсидтис.

Дзырдæй  ралæвды  рæстæджы Владимир Зеленский  банысан  кодта, цæмæй  зæгъгæ  Украинæйы  кæцыфæнды  цæрæг,   бæстæйы фидæныл бæрнон у.

«Æвзæрстыты  фæуæлахизы фæстæ,  мæ  æхсæзаздзыд хъæбул мæ  фарста:  Базыдтон, цæмæй   Зеленский у президент.  Афтæмæй  рацыд æмæ   æз дæр  президент дæн?  Уый  цыдæриддæр сæрæй  хъазæн ныхасау  уыдис,   куыд фæбæрæг, афтæмæй  фæраст ис.  Мах  алчидæр иумæ  стæм президенттæ. 73%  нæ фæлæ, украинæгты  100% дæр», – райхъусын кодта Зеленский.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   Европаг  Украинæ зæгъгæ сæвзæры  алы  украинагæй.

Украинæйы ног президент  йæ фыццаг  рардæй  схуыдта,   Донбасы   æхсты фæуромын.

«Мæхæн ис иумæйаг рыст.  Махæй  алчи æрбамард Донбасы.  Алкæцы дæр стæм лигъдонтæ –  алчи чидæриддæр  фесæфта  хæдзар æмæ  алчи  чидæриддæр  сын бакодтой сæ хæдзары дуар. Фæлæ  алцыппæт ууыл фæтых уыдзыстæм уымæн æмæ   алчидæр  стæм украинæгтæ», –   банысан кодта Зеленский.

Владимир Зеленскийы дзырдæй,    алкæмæн, чидæриддæр цæттæ у,  йæ къух адара  фидар  æмæ  æнтыстджын Украинæйы  арæзтадæн,   ратдзæн Украинæйы æмбæстагдзинад.

«Алкæмæн, чидæриддæр цæттæ у,  сараза    æнтыстджын æмæ фидар  Украинæ, цæттæ дæн  раттон  Украинæйы  æмбæстагдзинад. Фæсарæнтæй  нæ  сувениртæ  ницæмæн хъæуынц,  æрхæссут нæм уæ зонынад  æмæ  фæлтæрддзинад. Гæнæн ис,   растдæр уый  у  нæ националон идея – баиу уыны руаджы  гæнæн  цæмæн нæй   ахæм  хъуыддаг саразын дæр бахъом уæм», –  райхъусын кодта Украинæйы президент.

«Мах  хъуамæ суæм  исландиæгтау  футболы,   Израилæй  – хъахъхъæнынады сферæй,  япойнæгтæй  зонадон   æнтыстыты», – банысан кодта Зеленский.

Украинæйы   æхсæзæм  президент,  инаугурацион   ныхас  афтæ  фæцис: «Мæ царды  дæргъы   алцыппæт арызтон,  цæмæй  Украинæгты  фæхудын  кодтаин. Иннæ   фондз азы  дæргъы  сараздзынæн  алцыппæт  цæмæй   уæ  кæуын ма æрфæнда».