Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы Украинайы президент Владимир Зеленскиимæ Польшæйы сæйраг сахары, Варашавайы фембæлд.
Президентты æхсæн дыууæфарсон фембæлд сырæзт, кæцыйыл фæрстæ дыууæ бæстæйы ахастыты фæтыхджындр кæнын æмæ иумæйаг нысæнттыл фæныхас кодтой.
Дыууæ хæлар бæстæйы президенты фембæлды рæстæджы Владимир Зеленский, Гуырдзыстоны президенты Украинамæ фæхуыдта.
Президенты пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинаæн æмхуызон быцæусидтытæ æмæ нысæнттæ ис æмæ дыууæ бæстæ сæ аскуыддзагы фæндæгтæ хъуамæ бацагурой. Ныхас афтæдæр сырæзт Евроцæдисимæ æрыввахсы æмæ глобалон тасыл.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Польшæйы Республикæйы уæвы кусæн визитæй. Визиты фæлгæтты Саломэ Зурабишвили хайад райсдзæн Дыккаг дунеон хæст райдаынæй 80 азы сæрмæ нывонд мадзæлтты.
Афтæдæр плангонд сты дыууæфарсон фембæлдтæ Болгарийы, Эстонийы æмæ Словакийы президенттимæ. Президент дзырдæй ралæудзæн равдыст «50 сылгоймаг Гуырдзыстонæй» байгомыл æмæ конференцийыл «Сылгоймæгты роль политикъæйы».