Владимир Зеленский – Нормандиаг Цыппары  бæстæты фембæлдмæ  цæттæдзинад райдайдзæн июлы
Владимир Зеленский – Нормандиаг Цыппары бæстæты фембæлдмæ цæттæдзинад райдайдзæн июлы

Нормандиаг  цыппары  бæстæтты   фембæлдмæ цæттæдзинад райдайдзæн июлы –  уый  фæдыл   Украинайы  президент   Владимир Зеленский Германийы  Ангела  Меркелимæ  фембæлды рæстæджы  загъта.

«Мæнæн  сæйраг фарста у  хæст бауромын.  Æркастыстæм  Нормандиаг цыппары  фембæлды гæнæн датæтæ. Уый  сырæздзæн  Украинайы  плангонд парламентон æвзæрстыты фæстæ. ФÆнды мæ цæмæй  фембæлд тагъд сырæза» –  райхъусын кодта Украинайы  президент.

Владимир Зеленский  Германимæ   ныццыд Францæй, фы ран  уый  фембæлд  Эммануэль Макронимæ.  Аудиенцийы  рæстæджы  Францы   президент   цæттæдзинад равдыста, цæмæй  Нормандиаг Цыппары  бæстæты  лидерты фембæлдæн сфысым кæна.