Владимир Зеленский хъусын кæны, цæмæй премьер-министры кандидатурæйы фæдыл  консультацитæ ныридæгæн райдыдта
Владимир Зеленский хъусын кæны, цæмæй премьер-министры кандидатурæйы фæдыл консультацитæ ныридæгæн райдыдта

Украинайы   президент Владимир Зеленски  хъусын кæны, цæмæй    премьер-министры  кандидатурæйы тыххæй зæгъгæ  консультацитæ  ныридæгæн райдыдта.  Уый фæдыл  Зеленский  райхъусын кодта, æвзæрстытыл куы схъæлæс кодта уый фæстæ.

Украинайы преизденты хъуыдымæ гæсгæйæ,   Украинайы фидæн премьер хъуамæ уа  профессионал  экономист, кæцы  ивгъуыды   никуы  уыд    премьер-министры,  парламенты спикеры  кæнæ искæцы  партийы лидеры постыл.

«Премьер-министры  фарстайы  тыххæй   зæрдæргомæй  зæгъдзынæн,  гæнæн ис  иуæй-иуты зæрдæмæ нæ фæцæуа, парламентмæ бацæуын  чи хъавы  уыдонæй, уымæн æмæ  ацы банытыл  сæрмагонд  кандидатурæ бавдисын фæнд кæнынц.  Уый тыххæй мæ  позици æнæивгæ у. ХЪуыды кæнын цæмæй  ацы  адæймаг хъуамæ  уа  абсолютонæй    профессионал  экономист,  кæцымæ нæ уыдзæн политикъон скуыддзаг.  Фæнды мæ, уа  бынтон хæдбар адæймаг,  кæцы никуы ахста  премьер-министры, спикеры, кæнæ  искæцы  партийы  лидеры  пост.  Ахæм адæймагы уынын   ацы постыл. Æцæг уын зæгъон  цалдæримæ  консультацитæ  дæр уадзæм» –  райхъусын кодта Зеленский.

Украинайы  президент, æвзæрстыты  фæстæ  Радайы   раздæры хицауады  минæвæрттимæ иумæ   оалици саразыны гæнæндзинад ацух кодта.

Украинайы  абон æмгъуыдагъоммæ  парламентон  æвзæрстытæ цæуынц. Æвзæрстыты  хайад исынц  22  патийы,  кæцыты  партион номхыгъдты  2 747 кандидат ис.  Иумандатджын  мажоритарон   бæстæты æдæппæт  3 083  кандидат æппары  хал. Уыдонæй  æрдæг бархийæ  исынц хайад æвзæрстыты.

Развæлгъау  прогнозæйфарстæм æрсидты  Радамæ  бацæудзысты  фондз партийæ. Фаворит  Украинайы президенты Владимир Зеленскийы  партий  «Слуга Народу» у, дыккаг бынатыл та,  ис  Виктор Медведчукы  «Оппозицион платформæ  царæдн», кæцыйæн æвзæрстгæнджыты  12   процент хæцы йæ фарс. Радамæ афтæдæр бацæудзысты  Украинайы   раздæры президленты  Петро  Порошенкойы  партий «Европаг Солидарондзинад», Юлия  Тимошенкойы «Батькивщина»  æмæ  рокмузыкант Святослав Вакарчукы «Голос».

Радайы  æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты  развæлгъау  фæстиуджытæ изæры фæбæрæг уыдзысты.  Эгзитполты  фæстиуджытæ  бæрæг суыдзысты  21  июлы  изæр.

Фарастæм æрсидты   Радайы  фыццаг рабадт 9  сентябры онг хъуамæ сырæза.

Украинайы цæугæ  æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты, Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналы исæг  къорд  срухс кæндзæн.