Æз тынг уарзын Гуырдзыстон – уый фæдыл Украинæйы президенттæм кандидат, шоумэн Владимир Зеленский æвзарæнон фадыгыл, хъæлæс кæныны фæстæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналистæн загъхта.
Зеленски сæрмагонд æвзæрст сфиксир кодта цъус рæстæг размæ.
«Æз тынг Уарзын Гуырдзыстон. Тынг уарзын, украинаг, гуырдзиаг æмæ италиаг хæринæгтæ. Фæлæ Гуырдзыстонмæ æрцæуын тæссаг у, уымæн æмæ иу уырдæм куы ныццæуын уæд фæстæмæ цппар килограммæй фылдæр æрыздæхын. ЗÆрдæскъæфт дæн Тбилис æмæ Мцхетайæ. Кæд раст хъуыды кæнын, Мцхета Гуырдзыстоны рагон сæйравг сахар у» -райхъусын кодта Зеленский.
Абон Украинæйы 35 милуан æвзæрстгæнæг, фондз азы æмгъуыдæй сывзардзæн бæстиæйы лидеры. Ац ы постмæ хал æппарынц 39 кандидаты. Уыдонæй фавориттæ сты шоумен Владимир Зеленский, Украинæйы экс-премьер Юлия Тимошенко æмæ бæстæйы архайæг президент Петро Порошенко.
Æвзарæнон фадгуытæ бынæттон рæстæгæй, 08:00 сахатыл байгом сты æмæ 20:00 сахатыл æрцæудзысты æхгæд. Растдæр ацы афон суыдзысты бæрæг эгзитполты фæстиуджытæ.
Уыцы цауы кæд æмæ æвзæрстыты иунæг куандидат дæр нæ райсдзæн хъæлæсты 50 процентæй фылдæр, снысан уыдзæн дыккаг тур.Кæд афтæ æрцæуа уæд, президентон æвзæрстыты дыккаг тур ацæудзæн 21 апрелы. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй политологты æмæ экспертты прогнозæй, Украинæйы ног президент, фыццаг туры нæ фæбæрæг уыдзæн.
Украинæйы президентон æвзæрстытæ, бынатæй рухс кæнынц Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналисттæ.