Владимир Путин -Уæрæсейы Гуырдзыстон æмæ Украинайы Натомæ интеграцийыл тынг негативон реакци уыдзæн
Уæрæсейы Гуырдзыстон æмæ Украинайы Натомæ интеграцийыл тынг негативон реакци уыдзæн.
Уый фæдыл Уæрæсейы президент Владимир Путин телекомпани Fox News-имæ интервьюйы расидтис.
«Махæн уый у комкоммæ тæссагдзинад нæ националон æдасдзинадæн», – расидтис Путин.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Натойы инфраструкутрайы Уæрæсейы аренты цур уыдзæн тæссаг æмæ реакци дæр уыдзæн негативон.
«Æз тынг хорз зонын, куыд кусы Нато æскъуыддзæгты райсты механизм. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы æскъуыддзаг консенсусы фæндагæй цæуы ист, фæлæ цæгат атлантикон бадзырдты организацийы райсты онг, Натойы хицæн уæнгтимæ ис гæнæн кусын дыууæфарсон бындурыл. Уый сырæзт Польшаимæ, Румыниимæ, кæцыйы ныр даргъ кæны АИШ-ы стратегион ракетæты ныхмæ хъахъхъæды элементты вæрд», – банысан кодта Путин.