Владимир  Путин - Мæскуы  æмæ  Киевы æхсæн ахастыты фæхуыздæр кæнын гæнæн ис, кæд æмæ Украинайы президент Донбассы йæ æмбæстонтимæ  диалог райдайдзæн
Владимир Путин - Мæскуы æмæ Киевы æхсæн ахастыты фæхуыздæр кæнын гæнæн ис, кæд æмæ Украинайы президент Донбассы йæ æмбæстонтимæ диалог райдайдзæн

Мæскуы  æмæ  Киевы  æхсæн  ахастыты  фæхуыздæр кæнын  гæнæн ис, кæд æмæ Украинайы  президент  йæ разæвазарæнон   ныфсæвæрдтæ сæххæст кæндзæн æмæ Донбассы йæ æмбæстонтимæ  диалог райдайдзæн –  уый фæдыл  Уæрæсейы президент  италиаг  рауагъдад  «Кориере  де ла  сераимæ»  интервьюйы  загъта.

Владимир  Путины  дзырдæй, Уæрæсейы  æмæ Украинайы æхсæн цæдистæ фæхуыздæрæн хъæуы, цæмæй Владимир Зеленский  Донбасы  цæрæг  адæймæгты сепаратисттæй мауал хона æмæ Минскъы  бадзырдæй  химæ райста  хæсист сæххæст кæна.

Уæрæсейы  президент афтæдæр банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ дыууæ бæстæйы иумæйаг интересты, конфронтаци нæ фæлæ прагматон æмгуыстад райтынг кæнын у.