Владимир Путин хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы хæъуынц юридикъон гарантитæ, кæцытæ ацух кæндзысты НАТО-ы ауæрæх хурыскæсæны рдæм
Уæрæсейы президент Владимир Путин хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы хъæуынц юридикъон гарантитæ, кæцытæ ацух кæндзысты НАТО-ы ауæрæх хурыскæсæны æрдæм æмæ Уæрæсейы территоритæм хæстæг хотыхтæ сæвæрын. Уый фæдыл Путин 20 бæстæйы ног минæвæрттæй æвджиды грамотатæ райсты церемонийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Уæрæсейы президенты дзырдæй, сæ дипломатийы фыццаг рард у, ацытæккæ Уæрæсейæн æдасдзинады ныфсджын æмæ дæргъвæтин гарантиты райсын.
«АИШ-ы æмæ сæ æмцæдисонтимæ диалогы мах хъæддыхæй домæм конкретон бадзырд бакусын, кæцы ацух кæндзæнис хурыскæсæнмæ НАТО-ы кæцыфæнды дарддæры ауæрæх æмæ Уæрæсейы территоримæ хæстæг махæн тас хæссæг хотыхты системæты сæвæрын.
Нхъарæм ацы фарстайыл райдайæм предметон бадзырдтæ. Сæрмагондæй банысан кæндзынæн – хъæуы нæ растдæр барадон, юридикон гарантитæ, уымæн æмæ ныгуылæйнаг коллегæтæ нæ сыххæст кодтой сæхимæ цы дзырдæй хæсист райстой уый. Сæрмагондæй та, алкæмæн бæрæг у, лæвæрд ныфсæвæрдты фæдыл, ома НАТО нæ ауæрæх уыдзæн хурыскæсæны рдæм, фæлæ алцыппæт сырæзт иннæрдæм. Уæрæсейы закъонон мæстыдзинад æдасдзинады сферæйы ницæмæ æрдардтой æмæ ныр дæр афтæ дарддæр кæны» – райхъусын кодта Владимир Путин.