Владимер Чачибаиа – Саакашвилийы фидиуæн  мæтæфтауæг у, уымæн æмæ бынтон æнæруадзгæ у æфсæддæтты политикæмæ баласын
Владимер Чачибаиа – Саакашвилийы фидиуæн мæтæфтауæг у, уымæн æмæ бынтон æнæруадзгæ у æфсæддæтты политикæмæ баласын

Михеил Саакашвилийы фидиуæн  мигъджын нæу, конкретон  политикон  нысан  хæссы.  Йæ фидиуæн  у мæтæфтауæг, уымæн æмæ  бынтон æнæруадзгæ  у  æфсæддæтты  политикон  хъæзтытæм  баласын, ацы æрдгæй тынг арæхсгæйæ  хъуамæ  уа  алчи –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  тыхты  раздæры  сæргълæууæг,  инæлар-лейтенант  Владимер Чачибаиа  фехъусын кодта  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.

Владимер Чачибаиа политиктæм  æрсидтис,  æфсæддæттæм  ахæм  сидтытæ аразынæй  сæхи фæуромынмæ.

«Æфсад политикæйæ  хицæн  у  æмæ Саакашвилийы  фидиуæн æфсады  политикæмæ баласынæн у тæссаг. 20212 азæй абоны онг   æфсад  аполитикон  уыд æмæ уый фæстиуæг у цæмæй  конкретон æвзæрстытыл  «Гуырдзиаг Бæллицц» æрмæст цалдæр сых нæ рамбылдта, фæлæ  уый тыххæй æфхæрд ничи рцыд  æмæ йæ æфсадæй  нæ ратардтой, цæй  дæнц дæр бирæ уыд 2012  азы онг. 2012  азы онг Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты  уыдис  æвзарæнон фадгуытæ  æмæ алы сæргълæууæгмæ  уыдис хъомысдард.  Æфсæддон хайадты  иунæг æвзæрстгæнæн фадыг дæр нæу, алы æфсæддон уæгъдибар у  сæрмагонд  æвзæрст саразын» –   райхъусын кодта Владимер Чачибаиа.

Гуырдзыстоны раздæры президент,Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар  Михеил Саакашвили   «Фейсбукы»  ахæлиугонд видеойы мидæг   райхъусын кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны фервæзын кæнын хъæуы æмæ   йæ ацы  хъуыддаджы  æфсæддон кусджыты патриотизмы ныфс ис.  Уый ма афтæдæр сидтис æфсæддæттæм, цæмæй сæхи бацæттæ кæнæт  æмбæстагон хæс сыххæст кæнынмæ.