Венецийы  кинофестивалы, «Сыгъзæрин Домбайы» райста «Джокер»
Венецийы кинофестивалы, «Сыгъзæрин Домбайы» райста «Джокер»

Кинойы историйы фыццаг хатт  комикс  бæрзонддæр хорзæх  «Сыгъзæрин Домбайы» райста. Фильм джокеры, куыд  фыдгæнæджы  сæвзæрдыл  радзуары.  Хаюар 80-æм азты  Готемы  айтынг.  Фильмы  сæйраг   хъайтар,   Артур Флекъ  у, æнæтыст  стенд-ап комик, кæцы  фæстæдæр  садист  клоунæй æмæ  криминалы  принцæй суыдзæн.

Фильм «Джокеры»   сюжет  Алан Муры  æмæ  Ьрайан  Боланды   графикон   новеллæйыл æнцойæвæрд у.  Уымæ сæйраг ролы голлифуды  стъалы Хоакин Феникс  æххæст кæны.

Джокеры   роль, æндæр æмæ æндæр рæстæджы æндæр æмæ æндæр   артисттæ сæххæст кодтой –  Джек Николсон, Хит Леджер, Джаред Лето.   Уыдонæй  алы  персонаж  хъауджыдæр  æрдæм  рæзтис, фæлæ  джокерæн  хæъугæ имидж æмæ  театралондзинад  сегасæй нысаниуæгджын у.

Режиссер Тод Филлипсы дзырдæй, зæгъгæ Хит Леджеры  Джокеры роль, нымад цæуы  сыгъзæрин стандартæй  уый равдисынæн, цæмæй  цахæм   ссис  ацы  персонаж.