Венецийы  камис ноджы иу хатт бæлвырд кæны,  Гуырдзыстоны конституцион реформæйæн æвæрццаг аргъ кæй  кæны уый
Венецийы камис ноджы иу хатт бæлвырд кæны, Гуырдзыстоны конституцион реформæйæн æвæрццаг аргъ кæй кæны уый

Венецийы  камис ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны   сæххæст  конституцион реформæйæн  æвæрццаг аргъ кæны.

Камисы  хатдзæгы  куыд у банысангонд афтæмæй,   камисы  уæнгтæ  æвæрццаг  аргъ кæнынц  реформæйы процессæн,   кæцы  «Бæстæййы  политикъон системæйы парламентон  моделæй раивд кæронмæ бакæндзæн  æмæ   у конституцион  фæткæвæрды  фæхуыздæры  æмæ  консолидацийы æрдæм  арызт  позитивон къахдзæф, кæцы бындурæвæрд у,  демократийы принциптыл. Закъонысæйрагдзинады  æмæ фундаментон  барты хъахъхъæдыл».  Кмис банысан кодта, цæмæй   ног барастытæ, конституцийы  тексты фæхуыздæр кæндзæн.

Документы афтæдæр  дзырдæуы, цæмæй  Венецийы  камис  Гуырдзыстоны ног конституцийы фæдыл  хъуыдытæ публикаци скодта 2017 азы  октябры.  Уый æрцыд, конституцийы текстмæ ивдтытæ  бахæссыны  размæ.

«Ног  барасты проект йæ хъуыдыйы дары ныфсæвæрд ивдтыты æмæ   фылдæр  бындурæвæрд у   камисы  рекомендацитыл» – хъусын кæнынц  камисы.

Хатдзæгы ноджы иу  хатт  у  равдыст хъыгтæ, пропорцион  æвзарæнон  системæмæ ахизыны  æмгъуыдты  2024 азмæ  ахæцынмæ  гæсгæ.

Фæлæ Венецийы  камисы  куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   уыцы конкретон  барастытæ,  кæцытæ   уæлвæтк хуызæй  йæ тыхы  уыдзæн  2020 азмæ æвзæрсытты  рæстæджы ( дзырдæуы  партион  блокъты  формиркæныны æмæ æвзарæн  барьеры 3%-ы онг  æрныллæгдæр кæныныл),  æвдисынц  уыцы фактортæ, кæцытæ  бæрæг хайæ  уæддæр фæлæмæгъдæр кæндзысты  пропорцион  æвзарæн системæмæ   ахизыны  æмгъуыды ахæцынæй, чысыл  партиты цы негативон  фæстиуæг райсдзысты уый. Венецийы камис ацы  барастæй  райгонд у.

Камис афтæдæр райгонд у,  æнæрайуæрст мандатты  æмбæрцæй  райуарыны  системæ æрбайстæй, кæцы скусдзæн 2024  азы æвзæрстыты фæстæ. Камис  æвæрццаг аргъ кæны ноджы  цалдæр  барасты.  Сæ нымæцы  16-æм статийы  барасты проектæн,  кæцы   дины  сæрибардзинадмæ æххæссынц.  Афтæдæр   конституцион   тæрхондоны фæрцы хаст ивдтытæн.

Венецийы камис æвæрццаг аргъ кæны  уыцы барастæн, кæцымæ гæсгæ дæо  фæмацы уыдзæн  уаг, кæцы уагъд æвзæрстыты  æнæконституционыл  банымайынæн домтта  конституцион  тæрхондоны пленумы алы уæнгы  разыдзинад.

Ацы рæстæджы  Венецийы камис амоны, цæмæй  «Æмбæстæгты барты æмæ сæрибардзинæдты арæнæвæрды  закъонон бындур хъуамæ уа максималонæй  къуындæг, цæмæй сæ  интерпретаци  ма цæуа æмæ   хицауад  ма хъуамæ пайда кæна  уæрх æнæ  æгæрон  дискрецийæ ацы легитимон  фæндæгты имплементацийы рæстæджы, хъуыддаг ахæм сенситивон  фарстмæ куы æххæссы  уæд».

Камисы хатдзæгы æрнымад сты уыцы рекомендацитæ дæр, кæцытæ  рагхыгъдгонд нæ уыдысты.  Сæ нымæцы  ис уæлдæр тæрхондоны  тæрхонгæнджыты  æмæ сæйраг прокурроры сныан кæныны уаг.

Ноджы иу рекомендаци, кæцы афтæдæр нæ уыд рагхыгъдгонд, æххæссы  партиты территорион принципæй   бындурæвæрды æгъдауы тобæйы фарстмæ.  Затдзæгы  дзырдæуы, цæмæй  ацы тобæ  нæу раст æмæ хъуам бацагуырдæуа  къаддæр  куылмпыгæнæг  амлæттæ.

Документы кæрон  камис ноджы иу хатт  банысан кодта, цæмæй  конституцион  реформæйы æнæмæнгхъæугæ у  максималонæй  уæрæх  консессумæ æрцæуын.