Важа Гаприндашвилийы   бинонты уæнгтæ æмæ фарсхæцджытæ,  Республикæйы  фæзыл  æмбырд кæнынц
Важа Гаприндашвилийы бинонты уæнгтæ æмæ фарсхæцджытæ, Республикæйы фæзыл æмбырд кæнынц

Цхинвалы  оккупацион  режимы æрцахстуæвæг  дохтыр Важа  Гаприндашвилийы   бинонты  уæнгтæ  æмæ  фарсхæцджытæ   Фыццаг Республикæйы  фæзыл æмбырд кæнынц.

Уыдон  хæдтулгæтæй  араст уыдзысты  оккупацион хаххы онг цы  ран  акци ауадздзысты.

Важа Гаприндашвилийы   хъæбул  Ирина  Гаприндашвили  куыд дзуры  афтæмæй,   акци уыдзæн  æнæдзургæ, æрмæст дзы бинонтæ  сараздзысты  куырдиат.

Дохтыр Важа Гаприндашвили  нырид  дыууæ  фæййæ  фылдæр   у,  Цхинвалы изоляторы  ахсты кæй уæвы.   Дохтыры  9 ноябры   æрцахстой.

Оккупанттæ  Важа  Гаприндашвилийы   а.х. арæн сæттыны   зылынджын кæнынц, фæлæ  Гаприндашвили  хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны  территорийыл   арæнты нымадмæ  нæ  исы  æмæ уымæ гæсгæйæ,   нæдæр аххосагыл  сæтты.

Оккупацигонд Цхинвалы  13  декабры  Важа Гаприндашвилийы   а.х.   тæрхоны  процесс  ацыд.  Цхинвалы   оккупацион  режим, Важа Гаприндашвилийы   ахсты  ныууагъта.