Васил Магълаперидзе  - Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы проекты «Чвени Картули Эна», сæйраг нысан уыдзысты  æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты  ахуыргæнинæгтæ, цæмæй бафæразой  æхсæнадон, паддзахадон цардмæ æххæстаргъджын интеграци
Васил Магълаперидзе - Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы проекты «Чвени Картули Эна», сæйраг нысан уыдзысты æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты ахуыргæнинæгтæ, цæмæй бафæразой æхсæнадон, паддзахадон цардмæ æххæстаргъджын интеграци

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  ног проекты  «Чвени Картули Эна» (Нæ гуырдзиаг æвзаг)  сæйраг нысан уыдзысты   æнæгуырдзиагæвзагон  скъолаты  ахуыргæнинæгтæ, цæмæй   нæ æхсæнадон  æмæ  паддзахадон и  цардуагмæ  æххæстаргъджынæй баиу уой –  уый фæдыл,  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  генералон дитректор  Васил Магълаперидзе  райхъусын кодта.

Васил Магълаперидзе  куыд банысан кодта  афтæмæй ацы  проектæй  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  райдайы  стыр  программæ, кæцыйæн йæ нысан у,   æввахс  фидæны   алыг кæнын проблемæ, кæцы  серьозон уæз æмæ  быцæусидт у  паддзахадæн.

«Проекты -«Чвени Картули Эна»фæлгæтты  нырид райдаы   онлайн-олимпиадæ  фæсивæдæн,  æнæгуырдзиагæвзагон  ахуыргæнинæгтæн.  Куы дзурæм цæмæй  ахæми проектмæ  æрывнæлдтам, уæд бæрæг у   æрмæст Гуырдзыстоны  Фыцццаг Каналн нæ бафæраздзæн  проблемæ  аскуыддзаг кæнын,  ам комплексон  мадзæлттæ  хъæуынц,  фæлæ гуырдзыстоны  Фыццаг Канал сараздзæн   алцыппæт, цæмæй   максималонæй  фæтых уа  ацы  проблемæйыл.  Ног проект   уыдзæн  иуæй-иу  фæрæзæй  сæ  таланты  æмæ энергийы   равдисынæн.  Уый  у  тынг   стыр   ресурс  бæстæйæн,  кæцы  ноджы  фылдæр  ссиу  æмæ сæнæхъæн кæндзæн нæ бæстæ» –   банысан кодта Васил магълаперидзе.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  ног проектмæ «Чвени Картули Эна»,  баиу кæнын кæй  фæнды, уыдоны регистраци райдыдта.

«Чвени Картули Эна» у  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы   проект, кæцыйæн  йæ нысан у  гуырдзиаг æвзагы популяризаци. Проекты  фæлгæтты  бирæ  активондзинæдтæ  сты пълангнонд.  Æнæгуырдзиагæвзагон   скъхолаты  ахуыргæнинæгтæ гуырдзиаг æвзаджы   онлайн-олимпиадæйы  æмæ  æндæр активондзинæдты   райсдзысты  хайад.

Проекты  иуæй-иу  хай  у  Гуырдзыстоны  регионты  æнæгуырдзиагæвзагон  скъолатæн   гуырдзиаг æвзаджы  онлайн-олимпиадæ  ауадзын.  Ацы  аз   проект æххæст цæуы   Америкæйы Иугонд Штатты  минæварады  æххуысæй.  Онлайн –олимпиадæйы  хайад райсын  сæ бон у  æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты  æвдæм   къласы  ахуыргæнинæгтæн.  Проекты  алкæцы  хайадисæгмæ,  хайады бæлвырдгæнæн  сертификат æрцæудзæн лæвæрд, æрмæтс æртæ  улæхиздзаутæм та  ратдзысты призтæ.  Афтæма   схорзæхджын кæндзысты уæлахизгонд  ахуыргæнинæгты  гуырдзиаг æвзаджы æмæ литературæйы  педагогты.

Азербайджайнагæвзагон  æмæ сомихагæвзагон  скъолаты  ахуыргæнинæгтæн  онлайн олмипиадæмæ  регистраци 11  майы  райдыдта.