Васил Магълаперидзе – Арфæ  кæнын телеуынынады гуырæнбон алы уыцы  адæймагæн,  чидæриддæр  къаналы ном  æмæ намыс  абоны бонмæ  фæхæццæ кодта
Васил Магълаперидзе – Арфæ кæнын телеуынынады гуырæнбон алы уыцы адæймагæн, чидæриддæр къаналы ном æмæ намыс абоны бонмæ фæхæццæ кодта

Гуырдзыстоны  Фыццаг Къанал юбиляр у –  Къанал   Мтацъминдайы  мæсыгы   бакæнгæ   телестудийæ   уацхæссынад   раст 63  азы  размæ, 1956 азы 30  декабры  райдыдта.

Уæларвгъуыз экран тæккæ  20:00 сахатыл   ыссыгъдис æмæ   эфиры  фыццаг  диктортæ  Александра Мачъавариани  æмæ Лиа Микадзе разындысты.

Абон Æхсæнадон Фидиуæг  иу кæны  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къанал, Дыккаг Къанал æмæ Радио.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  генералон директор  Васил Магълаперидзе   абоны бон раарфæ  кодта   телеуынынады   архайæг æмæ раздæры кусджытæн.

«Арфæ  кæнын   телеуынынады   гуырæнбон  æмæ  ног аз   алы  уыцы  адæймагæн,   чидæриддæр Фыццаг Къаналы  намыс  йæ бындурæвæрды бонæй,   абоны онг  фæхæццæ  кодта æмæ   иттæг нысаниуæгджыгн  традицитæ æрфидар кодта.

Азты дæргъы, Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  уыд иунæг, кæд афтæ  зæгъæн ис,  гуырдзиаг культурæйы  сæрылдзурæг,  ахуырад, спорты  æмæ  а.д.  Абон дæр афтæ у. Мæнмæ гæсгæйæ,  æнæхъæн коллектив удцырын сты  ацы  æрдæм, цæмæй  Фыццаг Къанал,  æввахс мæйты æмæ азты  æрыздахдзæн  йæхимæ алы  уыцы позици,  кæцы йæм  æмбæлы.

Арфæ кæнын   алы  кусæгæн,   алы  архайæгæн  чидæриддæр абон кусынц æмæ   сæ сæруæлдай  куыстæй  æрвылбойнонæй   аразынц   Телеуынынады  уыцы  ном  æмæ миниуджытæ,  кæцы  хуыйнынц,  æдас, бæрнон æмæ  интеллектуалон  медиа», –  райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.