Валютæ ивæг пункттæ кусын  абонæй сног кодтой
Валютæ ивæг пункттæ кусын абонæй сног кодтой

Гуырдзыстоны хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны   æппæт территорийыл  валютæ ивæн пункттæ, абонæй   æздæхынц хуымæтæг  кусæн режиммæ.

Гуырдзыстоны Националон Банк валютæ  ивæн пункттæм æрсидтис, карзæй æххæст кæной  профессионалты рекомендацитæ æмæ амындтæ.

«Иумæйаг архæйдтæй,  мах  тагъд  бахъом уыдзыстæм  вирусы  басæттын  æмæ куысты хуымæтæг  режиммæ  æрыздæхын», –  банысан кодтой  Националон банкы.